Быкуылты Маратӕн стӕрхон кодтой 2 аз ӕмӕ 6 мӕй ахӕстоны фӕбадын

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæТӕрхондон
Тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Быкуылты Марат, кӕцы уыд полицийы хайады ӕрфарсты рӕстӕджы фӕмардуӕвӕг Цкъаты Владимиры сыхаг ӕмӕ ӕмгар, 2015 азы 31 октябры ӕхсӕвы фехста мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд нысаниуӕгджын къорды кусӕг Плиты Роланды.

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Дыууӕ аз ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы ахӕстоны фӕбадыны тӕрхон рахастой Быкуылты Маратӕн, Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусӕг Плиты Роланды кӕй фехста, уый тыххӕй, хъусын кӕны тӕрхондоны рабадтӕй Sputnik уацхӕссӕг.

"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фæдыл Фæдагурæн комитет райста ног æвдисæндзырдтæ

Уголовон хъуыддаджы ӕрмӕджытӕм гӕсгӕ, Быкуылты Марат, кӕцы уыд полицийы хайады ӕрфарсты рӕстӕджы фӕмардуӕвӕг Цкъаты Владимиры сыхаг ӕмӕ ӕмгар, 2015 азы 31 октябры ӕхсӕвы фехста мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд нысаниуӕгджын къорды кусӕг Плиты Роланды.

Ленинаг районон тӕрхондон аскъуыддзаг кодта Быкуылты Маратӕн дыууӕ аз ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы фӕбадын иумӕйаг режимы колонийы.

Ивгъуыд азы ноябры мӕйы Быкуылты Марат ӕрбацыд Слестгӕнӕ комитетмӕ ӕмӕ загъта, Цъкайы фырт нӕ, фӕлӕ уый кӕй фехста полицийы кусӕджы. Быкуылты Марат бархийӕ радта мидхъуыддӕгты органтӕн пистолет ӕмӕ радзырдта цауы тыххӕй лыстӕггай.

Ног хабӕртты лентӕ
0