Уӕрӕсейаг базӕйы Хуссар Иры сарӕзтой нырыккон сабидон

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг базӕ Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг базӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддон службӕгӕнджыты сывӕллӕттӕн сабидон арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейаг базӕйы Цхинвалы. Ныридӕгӕн базӕйы территорийыл ацы сабидон у дыккаг, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылд.

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik. Нырыккон сабидон, кӕцы нымад у 70 сывӕллонӕн, арӕзт ӕрцыд уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы Хуссар Ирыстоны, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды (ХӔЗ) пресс-службӕ.

Объект ӕрцыд Цхинвалы ӕфсӕддон базӕйы территорийыл ӕмӕ ныридӕгӕн у дыккаг сабидон ацы базӕйы.

Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир не ‘вæры уæрæсейаг контингент фæфылдæр кæныны фарст

"Сабидӕтты баконд у республикӕйы уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны этаптӕй иу. Йӕ фарсмӕ арӕзт цӕуы скъола, уый сцӕттӕ уыдзӕн ног ахуыры азы райдайӕнмӕ", — загъта 58-ӕм ӕфсады командӕгӕнӕг генерал-лейтенант Андрей Гурулев.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕфсӕддонтӕ иууылдӕр ифтонг сты кусӕгон цӕрӕнуӕттӕй, офицертӕн ис службӕйы бынаты сӕ бинонтимӕ цӕрыны фадат.

Сабидоны арӕзт ӕрцӕудзӕн музыкалон хатӕн, физкультурӕйы зал, психологтӕ ӕмӕ медицинон кусджыты кабинеттӕ. Ныртӕккӕ уыдон ифтонг цӕуынц ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг гӕрзтӕй, аудио- ӕмӕ видеотехникӕйӕ, ласынц сӕм хъазӕнтӕ.

Сабидон цытджын ӕгъдауӕй баконд ӕрцӕудзӕн сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0