"Единая Россия" сфидар кодта Битарты Вячеславы кандидатурæ Думæйы æвзæрстытæм

© FacebookБитарты Вячеслав
Битарты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Битарты Вячеслав слæудзæн регионалон номхыгъды сæргъ, йæ фæстæ цæуы Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб. Æртæхаттон олимпиаг чемпион Таймæзты Артур та раразмæ кæндзæн йæхи иумандатон зылдмæ гæсгæ, фыссы 15 регион.

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Парти "Единая Россия"-йы съезд сфидар кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславы кандидатурæ Паддзахадон думæйы æвдæм æрсидты æвзæрстытæм, хъусын кæны 15 регион.

Гæззаты Валерийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæззаты Валерий бафидар кодта, кæй цæуы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм

Битарты Вячеслав слæудзæн регионалон номхыгъды сæргъ, йæ фæстæ цæуы Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб. Уый фæстæ та сты паддзахадон службæгæнджытæ Церекъаты Таймураз æмæ Бицойты Светланæ.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй æртæхатты олимпиаг чемпион Таймæзты Артур та раразмæ кæндзæн йæхи иумандатон зылдæй.

Думæмæ æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты 18 сентябры æмхæццæ системæмæ гæсгæ: 225 депутаты æвзæрст æрцæудзысты партион хыгъдтæм гæсгæ (пропорционалон системæ) æмæ 225 та иумандатон зылдтæй (мажоритарон системæ).

Ног хабӕртты лентӕ
0