Фæрогдӕргонд контрабандæ

© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæн
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæны уылты Ленингоры районыл нæй гæнæн 50 килограммӕй фылдæр уаргъ ласын æмæ æрмæстдæр мæй иу хатт. Фæлæ практикæйы ацы уагæвæрд алыхатт нæ кусы.

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл Ленингоры районы уадзæн пункт "Раздахæн"-ыл æрвылбон дӕр хизынц 700 адæймаг æмæ 200 автомашинæйы. Sputnik уацхæссджытæ бацыдысты арæнгæрон уадзæн пунктмæ æмæ федтой, куыд кусы, уый.

"Раздахæн" йæ куыст райдыдта 2010 азы, дыууæ азмæ уадзæн пункт æххæстæй æрцыд хæрзарæзт. Арæн хъахъхъæнынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ, кæцытæ ма фылдæр хатт кæнынц таможнæйы кусджыты куыст дæр.

Арæныл ахизæн ис æрмæстдæр сæрмагонд уадзӕн гӕххӕт бавдисгæйæ, кæцы райсæн ис Паддзахадон æдасдзинады комитеты, науæд та хуссарирыстойнаг паспортæй. Хуссар Ирыстоны хицауады уынаффæмæ гæсгæ, арæны сæрты хизыны бар ис æрмæстдæр Ленингоры хъæуы цæрджытæн.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæн
Пункт упрощенного пересечения границы Южной Осетии с Грузией  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæн

Уадзæн пунктæй Тбилисмæ ис 60 км. Цалдæр километры фæстæ ис гуырдзиаг пост, кæцыйыл ахизæн ис æрмæстдæр гуырдзиаг паспорт — "пирадоба"-йæ.

"Иу гоймагæн арæны сæрты ахизæн ис цасфæнды хатт дæр. Фæлæ иугъуызон товар мæй иу хаттæй фылдæр чи ласы, уыдоныл сывæрдзысты тобæ, уымæн æмæ сæ архайды ис коммерцион бындур", — загъта Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы ÆФС арæнгæрон управленийы минæвар Никита Денисов.

Иу адæймагæн бар ис æрбаласын 50 кг уаргъ "хисæрмагонд пайдакæнынадæн". Фæлæ мæй иу хаттæй фылдæр нæ. Уымæ гæсгæ чысыл микроавтобусты байдзаг вæййынц дæсгæйттæй, цæмæй сын уа фылдæр товар æрбаласыны бар.

Ласджытæн сæ фылдæр сты чысыл бизнесыл хæст адæм, ома коммерцион архайд сæ арæх балцты зыны бæлвырдæй. Фæлæ арæнхъахъхъæнджытæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ, сбæлвырд кæнын иу кæнæ иннæ æмбæстаг фæстаг хатт арæны сæрты кæд рахызт æмæ цы æрбаласта, уый ахсы тынг бирæ рæстæг æмæ гæнæн ис æмæ уадзæн пунктыл, кæцы кусы æрмæстдæр райсом æхсæзæй изæры аст сахаты онг, сараза стыр радтæ. Уыцы рæстæгмæ хъæуы рауадзын цалдæр сæдæ машинæйы.

Уымæ гæсгæ, мæй иухаттæй фылдæр чи рахизы арæныл, уыдонмӕ хъус дарыны фадат нæй. Æмæ дзы уыдон дӕр активонæй пайда кæнынц.

Пограничники досматривали транспорт на границе Южной Осетии с Грузией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕнхъахъхъӕнджытӕ сгарынц транспорт Гуырдзыстонимӕ арӕныл

"Раздахæн"-ы таможнæйон контролы пункт нæй, арæнхъахъхъæнджытæн та нæй уыцы функцитæ, уымӕ гӕсгӕ уæргътæ барст цæуынц æрмæстдæр "цæстæй". Уыимæ иумæ, транспорт лæмбынæг ист цӕуы фото- æмæ видеокамерæйӕ.

"Æнæ уаргъæй машинæ уадзæм æртæ минутмæ, пассажирон маршруткæ та авд минутмæ. Фылдæр рæстæг бахъæуы уаргъæвæрд машинæтæн, кæцыты хицæуттæ басгæрсты размæ хъуамæ сæ товар иууылдæр райсой", — банысан кодта Денисов.

Ахæм машинæтæ уыдысты иууыл фылдæр даргъ рады, кæцы æрæмбырд, мах цалынмæ уым уыдыстæм. Шофыртæн лæггад кæны æрмæстдæр иу фæндаг — иу машинæ иуырдæм уадзынц, иннæ машинæ та иннæрдæм. Цæмæй журналисттæ феной контроль куыд цæуы, уый тыххæй уал бауагътой Гуырдзыстонæй æрбацæугæ машинæ базайрагимæ.

Заза уаргъ ласы дыууæ боны иу хатт. Уыдон сæйраджыдæр сты халсартæ æмæ дыргътæ, кæцытæ Гуырдзыстоны балхæны асламæй, уый фæстæ сæ ауæй кæны. Уый цæры Ленингоры, ис ын йæхи дукани. Базайраджы иу хай уый уæй кæны Цхинвалы халсары дуканитæм, цы ран уæй кæнынц гуырдзыстойнаг продукци. Уый сусæггаг никæмæн у. Гуырдзыстонæй асламдæр, æввахсдæр æмæ æнцæндæр у ласын — нæдæр таможнæйон, нæдæр æндæр исты фиддонтæ хъæуы фидын.

"Кæддæрты мæ бахъæуы цæуын æрвылбондæр, арæхдæр та цæуын дыууæ бон иу хатт. Уадзæн пункты ницы цæлхдуртыл сæмбæлын. Æрмæстдæр бирæ хъæуы лæууын рады. 50 килограммæй фылдæр ласыны бар кæй нæй, уый тыххæй фæцæуын арæхдæр", — дзуры Заза.

© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæн
Пункт упрощенного пересечения границы Южной Осетии с Грузией  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæн

Заза цы машинæйыл цæуы, ууыл ис цалдæр асыччы джитъритæ, пъамидортæ, атъамитæ, балтæ, уырыскъæфтæ, халсартимæ голджытæ. Диссаг уый уыд æмæ ма ацы уаргъæй дарддæр машинæйы авд адæймаг куыд бацыд… Ахæм уавæр ма уыд цалдæр æндæр машинæимæ дæр.

Уадзæн пунктыл барæн контроль кæй нæй, уыцы уаврæрӕй пайдакæнгæйæ, кæцыдæр адæймæгтæ балхæнынц фылдæр базайраг "æрбаивæрзын" ныфс даргæйæ. Æвæццæгæн кæмæндæрты æнтысгæ дæр бакæны, æндæр хæттыты бынаты арæзт æрцæуы протокол, фæткхалыны цауы тыххæй фехъусын кæнынц ПÆК-мæ, кæнæ таможнæйон комитетмæ.

Ирыстоны кӕрон
Ис тобæгонд базайрæгтæ дæр, сæ номхыгъ фенæн ис уадзæн пункты стендыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы уагæвæрд арæх нæ цæуы хæлд. Фæстаг цалдæр аз уыд æрмæстдæр дыууæ цауы, "нæзонæг" адæм куы бафæлвæрдтой æфсæйнæгтæ æмæ хъæдæрмæг раласын.

Журналисттæ арæныл арвыстой сахатæй чысыл фылдæр — ацы рæстæгмæ ницы ӕнæштатон уавæртæн уыдыстæм æвдисæн.

Фæстæмæ цæугæйæ, бацыдыстæм Ленингоры халсары дуканитæй сæ иумæ, цæмæй асламдæрæй балхæнæм бал. Фæлæ уым дæр, куыд иннæ дуканиты, афтæ нæ разынд балтӕ. Уæйгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, мах "бал абон не ссардзыстæм". Бацымыдис кодтам, цы фæцис ацы тæккæ арæнылцы базайраг федтам, уый.

"Уыдон иууылдæр аластой Цхинвалмæ, абон сымах ам дыргътæ не ссардзыстут", — загъта уæйгæнджытæй иу.

Ног хабӕртты лентӕ
0