РХИ президент фембæлд ÆФС сæргълæууæгимæ Мæскуыйы

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæРХИ Президент Тыбылты Леонид
РХИ Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид æмæ Александр Бортников фембæлдысты Мæскуымæ РХИ президенты кусæгон балцы фæлгæтты, загъта йæ пресс-секретарь.

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. РХИ президент Тыбылты Леонид Мæскуыйы фембæлд Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы къухдариуæггæнæг Александр Бортниковимæ, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир не ‘вæры уæрæсейаг контингент фæфылдæр кæныны фарст

Республикæйы сæргълæууæг ис кусæгон балцы уæрæсейаг столицæйы.

Яновская куыд банысан кодта, афтæмæй фембæлды дзырд цыд æмгуыстад, афтæ ма бæстæты æдасдзинады фарстытыл.

"Президент æмæ ÆФС сæргълæууæг æрдзырдтой, уый нымæцы, 2015 азы 18 марты бафыстгонд æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды реализацийыл, сæрмагондæй æдасдзинад æмæ арæн хъахъхъæнынадыл", — загъта президенты пресс-секретарь.

Ног хабӕртты лентӕ
0