Кавказы хæхты æрцахстой æрыгон лæппуты, кæцытæ фæнд кодтой ИП-ы рæнхъытæм бацæуын

© Пресс-службе ПУ ФСБ по РСО-Алания Арæнхъахъхъæнджытæ
Арæнхъахъхъæнджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Кавказы цæрджытæй дыууæйы арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Цæгат Кавказы хæхты, уыдон фæцæйцыдысты Сиримæ, цæмæй бацæуой ИП-ы рæнхъытæм.

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Цæгат Кавказы цæрджытæй дыууæйы, кæцытæ фæцæйцыдысты Сиримæ Сæйраг кавказы рæгъы хæхтыл, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны ÆФС арæнгæрон управлени.

"Цæгат Ирыстоны ÆФС арæнгæрон управленийы кусджытæ Цми хъæуы цур æрцахстой дыууæ уæрæсейаг æмбæстаджы — Цæгат Кавказы республикæтæй иуы цæрджыты, кæцытæ бафæлвæрдтой уæрæсейаг-гуырдзыстойнаг арæныл æнæзаконон æгъдауæй ахизын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Цæгат Иры цæрæджы аххосджын кӕнынц ИП-ы рæнхъытæм адæмы хоныны хъуыддаджы

Равзæрсты рæстæджы рабæрæг, 1994 æмæ 1997 азты гуырд лæппутæ хъавыдысты арæныл ахизын æмæ ацæуын Гуырдзыстонмæ Сæйраг кавказы рæгъы хæхтыл, стæй Туркмæ æмæ уый фæстæ та Сирийы уæвæг æхсæнадæмон террористон организацитæй иуы рæнхъытæм бацæуын, банысан кодтой арæнгæрон управлени.

"Фæткхалджыты ныхæстæм гæсгæ, уыдонмӕ фæзынд Сиримæ ацæуыны хъуыды. Ацы хъуыды сын сæ зæрдæты бафтыдта се ‘ввахс адæймаг, кæцы сæ æргомæй хуыдта "Исламаг паддзахады" скондмæ бацæуын, афтæ хуыйнæг "джихады" постулатты фæстæ æмбæхсгæйæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Фæткхалджытæ сæхи лæмбынæг цæттæ кодтой хæхты сæрты ахызтмæ. Балцы семæ ахастой шоколад, дон, хъарм дарæс, туристон рюкзактæ, цыргъаг æмæ æхца.

Уыдон лæвæрд æрцыдысты барадхъахъхъæнæн органты кусджыты къухтæм дарддæры равзæрсты тыххæй, нысан кæны уагдон.

Ног хабӕртты лентӕ
0