ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Фынддӕс егъау объекты арæзтад кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2017 азы, фехъусын кодта журналисттæн УФ вице-премьер Александр Хлопонин Уӕрӕсе æмæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадты кæрон.
"Реализаци нæм цæуы бирæ проекттæ, мах фыццаг аз не ‘ххæст кæнæм инвестицион программæ, кæцы йæ кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2017 азы. Уыдон сты социалон æмæ инженерон инфраструктурæйы объекттæ, уынгтæ æмæ хæдзæртты арæзтад. Ис егъау объекттæ — театры арæзтад, ис социалон нысаниуæгджын объекттæ — университеты арæзтад, кæцы фæнд кæнæм иннæ аз кæронмæ сæххæст кæнын, уый у медицинон кластеры арæзтад. Нывæзтмæ гæсгæ, 2017 азы хъуамæ эксплуатацимæ раттæм 15 нысаниуæгджын объекты", — загъта Хлопонин.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны бадзырдты рæстæджы корректировкæ æрцыдысты арæзтады æмгъуыдтæ.
"Хорз æмбарæм, ацы уавæртæ æххæст кæй æрцæудзысты æппæт гуырахстæй æмæ рæстæгыл. Программæ æнæхъæнæй — фараст миллиардмæ æввахс æртæ азмæ. Ацы ацы нывæзты нын ис æртæ милиард сомæй спайда кæнын, иннæ аз дæр хъуамæ бахардз кæнæм æртæ миллиарды", — бафтыдта Хлопонин.
УФ æмæ РХИ æхсæнхицауадон къамис архайы 2010 азæй. Рабадтытæ уагъд цæуынц аз дыууæ хатты Цхинвал æмæ Мæскуыйы радгай. Уынаффæ дзы кæнынц республикæйы социалон-экономикон райрæзты фарстытыл. Къамисы хуссарирыстойнаг хайы сæргълæууæг у Хъуылымбæгты Доменти, уæрæсейаг хайы та — вице-премьер Александр Хлопонин.