ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны цӕрджыты куыст ӕмӕ куыстбынӕттӕй сифтонг кӕныны фӕдыл управленийы азы райдианæй фæстæмæ срегистраци кодтой 1900 æгуыст адæймаджы, загъта управленийы сӕргълӕууӕг Нонна Мкртчян æртыццæджы пресс-конференцийы рæстæджы.
Алы азы райдианы дæр уагдон æмбырд кæны республикæйы æгуыст адæмы æмæ паддзахадон органтæй дарддæр ма, сæрмагонд организациты æмæ куыстуæтты сæрибар бынæтты фæдыл зонæнтæ.
"Куыстбынӕттӕй сифтонг кӕныны службæмæ 2016 азы фыццаг æрдæджы бахатыдысты куыстагур 1934 адӕймаджы. Сæ фылдæр нымæц сты сылгоймæгтæ — 1088. Æгуыст адæмæн сæ фылдæр сты юристтæ æмæ экономисттæ. Куыстагур чи æрбацæуы, уыдоны фылдæр хай каст фесты уæрæсейы престижон уæлдæр ахуырадон уагдæттæ, фæлæ сæ бон куыст ссарын нæу", — загъта Мкртчян.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз уагдон куыстбынӕттӕй сифтонг кодта æрмæстдæр 24 адæймаджы, уыимæ иумæ иууыл порулярондæр ваканситæ сты хъахъхъæнджытæ, æфснайджытæ æмæ шофырты ваканситæ.
Афтӕ ма уагдоны серьезон проблемæтæй иу у уый, æмæ куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ рæстæгыл кæй не ‘рбавдисынц ваканситы фæдыл информаци.
"Алы уагдонмæ дæр арвитæм куырдиат — уыдон æрвылмæй дæр хъуамæ æрбавдисой информаци, ис сæм æви нæ сæрибар куысты бынæттæ. Фæлæ, хъыгагæн, иу къухдариуæггæнæг дæр ацы фарстмæ нæ бацæуы бæрнонæй æмæ не ‘рбавдисы зонæнтæ рæстæгыл. Уый раст нæу, уый гæнæн нæй æмæ азы мидæг иу кæнæ иннæ ведомствӕйы мацы кадрон ивындзинæдтæ æрцæуа", — банысан кодта Мкртчян.
Уыцы хъуыддаг хауы сæрмагонд амалиуæггæнджытæм, фыццаг рады арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытæм, кæцытæ нæ фехъусын кæнынц службæмæ сæ ваканситы тыххæй.
"Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон куыстмæ райсынц бынæттон цæрджыты, фæлæ мах уылты нæ. Нæ зонæнтæм гæсгæ, абон республикæйы 369 цæрæджы кусынц арæзтадон объекттыл æмæ кусынц сæрмагонд амалиуæггæнджытæм", — загъта управленийы сæргълæууæг.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы æгуыст адæмы нымæц фæкъаддæр кæнынæн ахъаз уаид æхсæнадон-пайдаджын фидгæ куыстытæ сорганизаци кæнын. Фæлæ уыцы фарстæн хъæуы финансон фæрæзтæ.
"Хорз уаид ваканситы армукъатæ аразын, цы ран æндæр æмæ æндæр ведомствӕты сæргълæуджытæ зонгæ кæниккой æгуыст адæмимæ. Фæлæ уый тыххæй хъæуы фæрæзтæ — нæхимæ та уыдон не сты", — загъта Мкртчян.
Цӕрджыты куыст ӕмӕ куыстбынӕттӕй сифтонг кӕныны фӕдыл управлени нæ фиды æхцайы фæрæзтæ — "пособитæ" æрæхгæдтой 2007 азы. Ведомствӕйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, 1550 сомы бæрц æрвылмæйон фиддæнтæ æххуыс уаиккой бирæ бинонтæн, кæцытæ сты зын уавæрты.