Зассеты Сергей: НОК саразын - Хуссар Иры спортивон федерациты хӕс

© Sputnik / Алексей КовалевЗассеты Сергейы пресс-конференци Цхинвалы
Зассеты Сергейы пресс-конференци Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры спортивон федерацитæ хъуамæ фæактивондæр кæной сæ куыст æмæ раттой фадат хуссарирыстойнаг спортсментæн æхсæнадæмон æмвæзадмæ рахизын.

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны Националон Олимпиаг комитеты сырæзт нæ хауы Фæсивæдон политикæйы, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты компетенцимæ. Ацы фарстыл нырма хъуамæ бакусой спортивон федерацитæ, кæцыты нымæц республикæйы у 300, загъта ӕртыццӕджы пресс-конференцийы рæстæджы комитеты сӕргълӕууӕг Зассеты Сергей.

РХИ парламенты агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ æмæ РЦИ-А парламентаритæ æрдзырдтой Хуссар Иры НОК саразыныл

Хуссар Ирыстоны НОК саразыныл дзырд цыд 2012 азы дæр. Нысан æрцыд бындурæвæн съезд ауадзыны датæ дæр, фæлæ уагъд не рцыд. Фæсивæдон политикæйы фæдыл комитеты уæды къухдариуæгад уый аххосæг бамбарын кодта организацион проблемæтæй. НОК саразыны фарстыл рæстæгæй рæстæгмæ дзырд цыд алы æмвæзадыл дæр, йæ сырæзты нысаниуæгыл иу æмæ дыууæ хатт нæ дзырдта президент дæр.

"Олимпиаг спорты хуызты фæдыл спортивон федерацитæ хъуамæ бацæуой æмбæлон æхсæнадæмон федерациты скондмæ. Æмæ ахæмтæ хъуамæ фондзæй къаддæр ма уой, цæмæй райдайæм дзурын НОК саразыныл æмæ уый Æхсæнадæмон олимпиаг комитетмæ айсыныл. Хъыгагæн, махмæ ахæм организацитæ нæй. Нæ республикæйы цы спортфедерацитæ сты регистрацигонд, уыдонæй æрмæст цалдæрæн ис активон архайд, иннæтæ та сты æрмæстдæр гæххæттыл", — загъта Зассеты Сергей.

Уый æрсидт уыцы федерациты къухдариуæггæнджытæм, цæмæй фæактивондæр кæной сæ куыст æмæ рахизой æхсæнадæмон æмвæзадмæ, уымæн æмæ Уæрæсеимæ æхсæнпаддзахадон бадзырдтæ дæттынц егъау фадæттæ.

"Уыдон хъуамæ райсой сæхимæ хæс. Уый стыр куыст у. фæлæ мах цæттæ стæм æххуысы къух фæдаргъ кæнын. Федерацитæн цыфæнды рæстæг дæр сæ бон у æрæмбырд уой æмæ бындурæвæрæн съезд ауадзой, цæмæй райдайой НОК саразыны фæдыл реалон куыст", — загъта Фæсивæдон политикæйы фæдыл комитеты сæргълæууæг.

Раздæр УФ Олимпиаг комитеты къухдариуæгад ныфс бавæрдта Хуссар Ирыстоны НОК саразынæн баххуыс кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0