ConIFA-йы эгидæйы бын Европæйы чемпионат футболæй чизоны ацæуа Хуссар Иры

© Sputnik / Михаил ХасиевЦхинвалы стадион
Цхинвалы стадион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кæд рæстæг бирæ нæй, уæддæр æмбæлон финансты фæрцы Хуссар Ирыстонæн бантысдзæн Европæйы чемпионатмæ бацæттæ кæнын, загъта Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей.

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстонæн ис фадат йæхимæ ауадзын æнæнымад æмбырдгондты æхсæн 2017 азы Европæйы чемпионат футболæй, загъта æртыццæджы пресс-конференцийы рæстæджы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей.

Æнæнымад æмбырдгондты æхсæн фыццаг Европæйы чемпионат футболæй ConIFA-йы эгидæйы бын уагъд æрцыд фарон июны венгераг горæт Дебрецены. Хуссар Ир ацы чемпионатмæ нæ бахауд, уымæн æмæ Гуырдзыстоны æлхъывдады бын Венгрийы хицауад нæ радта визæтæ хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг футболисттæн.

Абхаз ссис ConIFA футболæй чемпионаты уæлахиздзау

"Ацы цауæн уыд политикон бындур. Чемпионаты организатортæ нæм æрбахатыдысты, цæмæй ма æрцæуæм чемпионатмæ æмæ йæ ма фехалæм. Фæлæ ConIFA-йы дунейы чемпионаты рæстæджы, кæцы уагъд цыд Абхазы, æз ныхыс кодтон конфедерацийы къухдариуæгадимæ æмæ уыдон раразмæ кодтой хъæппæрис радон чемпионат Хуссар Иры ауадзын", — загъта Зассеты Сергей.

Чемпионат ауадзыны фæдыл домæнтимæ ConIFA-йы минæвæрттæ ныридæгæн базонгæ кодтой Хуссар Иры минæвæртты.

Зассеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, чемпионат ауадзынæн хъæуы иууыл къаддæрæй дыууæ стадионы, кæцытæ Цхинвалы сты. Республикон стадион дзуапп дæтты æнæмæнгхъæуæг домæнтæн, дыккаг — горæты центры футболон фæзуат нæ бæззы ахæм матчтæ уадзынæн.

"Уымæй дарддæр нæм уазæгдонон инфраструктурæ æмбæлон æмвæзадыл кæй нæу, уый фæстиуæгæн сæвзæрдзæн бирæ проблемæтæ, дзырд фарсхæцджытыл нал цæуы. Уый æрмæст уазджыты æрцыд æмæ егъау мадзал нæу, фæлæ мах ногæй бакæндзыстæм нӕ республикæ æппæт дунейæн. Мæ нымадмæ гæсгæ, уый тынг нысаниуæгджын у Хуссар Ирыстонæн", — банысан кодта Зассеты Сергей.

Уый бафтыдта, чемпионат хъуамæ уагъд æрцæуа 2017 азы æмæ Хуссар Ирыстонæн уæлæмхас фæрæзтæ кӕд фæзына, уæд республикæйæн фадат уыдзæн бацæттæ кæнын æмæ ConIFA-йы æххуыс райсын, кæцыйы миæвæрттæ ныридæгæн ракуырдтой хатыртæ, ацы организацийы эгидæйы бын цы дыууæ чемпионат уагъд æрцыд, уыдоны Хуссар Ирыстонæн хайад райсын кæй нæ бантыст, уый тыххӕй.

Хуссар Ирыстонæй дарддæр ма æнæнымад æмбырдгондты æхсæн Европæйы чемпионат футболæй ауадзыны претенденттæ сты Донецкаг адæмон республикæ æмæ Днестргæрон. Хуссар Ирыстон ConIFA-йы уæнг ссис 2014 азы январы. Уыцы аз республикæйы æмбырдгонд дунейы чемпионаты фыццаг хатт йæ арæхстдзинад равдыста швейцариаг горæт Эстерсунд, цы ран бацахста цыппæрæм бынат.

Ног хабӕртты лентӕ
0