Джыгкайты Эльбрусы дыууӕ царды

© Sputnik / Михаил ХасиевДжыгкайты Эльбрус
Джыгкайты Эльбрус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иуӕй-иу адӕмӕн зын у сӕхи ӕрмӕст иу профессийы арӕны ӕвӕрын. Сӕ гоймагдзинады бирӕвӕрсыгдзинад сын фадат нӕ дӕтты ӕрмӕст иу хъуыддаг аразынӕн.

ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Джыгкайты Эльбрус — Цхинвалы районы адӕмон театры раззагондӕр актер, уый ӕмрӕстӕджы та типографийы ӕфтауыцы сæргълæууæг ӕмӕ гӕххӕтт лыггӕнӕг — ссис Sputnik проект "Дыууӕ цард"-ы радон хъайтар, кӕцы дзуры, куыст уарзон хъуыддагимӕ цы адӕм иу кӕнынц, уыдоныл.

Актер ӕмӕ фокустæгæнæг

Куыд иллюзионист, афтӕ Эльбрус фыццаг хатт профессионалон сценӕмӕ рахызт, 10 азыл куы цыд, уӕд. Ӕртӕ азы фӕстӕ та ссис оригиналон жанры ӕхсӕнадӕмон фестивальты лауреат. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллон уӕвгӕйӕ тынг цымыдис кодта оригиналон жанры архайӕг актертӕм ӕмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дардта сӕ ралӕудтӕм телевизорӕй. Фокусы сусӕгдзинад цӕй мидӕг ис, уый базонын Эльбрусӕн уыд тынг ӕнцон.

16 азы кары йӕ сӕрибар рӕстӕджы куыста театры, куыста декорацитимӕ, кӕддӕрты-иу ахъазыд пьесӕты дӕр.

"Цалдӕр хатт уыд афтӕ, ӕмӕ-иу кӕцыдӕр актертӕн цавӕрдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыд сценӕмӕ рахизын… Ӕз та афтӕ рынчын уыдтӕн уыцы хъуыддагӕй ӕмӕ сын сӕ тексттӕ иууылдӕр зыдтон ӕнӕкӕсгӕйӕ. Афтӕ рауад ӕмӕ сӕ бӕсты цалдӕр хатт рахызтӕн сценӕмӕ", — мысы уый.

Театры цур адӕмон студийы Эльбрусӕн бирӕ нӕ бантыст ахуыр кӕнын — ӕрсидтысты йӕм ӕфсадмӕ ӕмӕ йӕ арвыстой Узбекистанмӕ.

Ӕфсӕддон службӕ цӕуыны рӕстӕджы уый нӕ ныууагъта уарзон хъуыддаг. Гарнизоны культурӕйы галуанимӕ ансамбль "Березка"-йы сконды Эльбрус цыд фӕсарӕнтӕм. Концертты рӕстӕджы ӕвдыста йӕ дӕсниад, йӕ фокустӕн уыд стыр ӕнтыст.

Райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ӕрӕздӕхт, уӕд Эльбрус бацыд Паддзахадон драмтеатрмӕ администраторӕй кусынмӕ, цы ран фӕкуыста 12 азы. Фӕстӕдӕр цалдӕр коллегӕимӕ ӕрӕмбырд кодта циркон коллектив, цы ран архайдтой профессионалон актертӕ Мӕскуы, Санкт-Петербурга ӕмӕ Туапсейӕ. Эльбрус цы коллективӕн къухдариуӕгад кодта, уымӕн уыд стыр ӕнтыст куыд Цхинвалы, афтӕ йӕ арӕнӕй дарддӕр дӕр.

"Мӕ уарзон номыр, кӕцыйы сусӕгдзинад мӕхӕдӕг раргом кодтон ӕмӕ йӕ ӕвдыстон бирӕ хатт, уыд Акопяны фокус хъуымацы скъуыддзаг ӕмӕ гӕххӕттимӕ, кӕцыйы тыххӕй уый райста Гран-при Францы. Фӕлӕ йын йӕ сусӕгдзинад нӕ раргом кӕндзӕн", — дзуры артист.

Сфӕлдыстадон карьерӕйы рӕстӕджы йӕм ӕрӕмбырд 75 номырӕй фылдӕр.

2002 азӕй фстӕмӕ Эльбрус у Цхинвалы районы адӕмон театры раззагон актер, кӕцы абон у тынг ӕнтыстджын.

Гӕххӕтт лыггӕнӕг

Йӕ дыккаг профессийы тыххӕй дӕр Эльбрус дзуры зӕрдӕрардӕй. Типографийы уый фӕллой кӕны 2005 азӕй фӕстӕмӕ — ӕрмӕст гӕххӕтт нӕ лыг кӕны, фӕлӕ ма у ӕфтауыцы сӕргълӕууӕг дӕр.

Хъуылымбегты Александр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъуылымбегты Александры дыууӕ царды

Йӕ ныхӕстӕй гӕсгӕ, цыфӕнды полиграфион куысты хатдзӕгон стади у гӕххӕтт лыг кӕнын. Уый афтӕ ӕнцон процесс нӕу, фыццаг бакастӕй куы зыны — гӕххӕтт куыд лыг ӕрцӕуа, уыимӕ баст у продукцийы ӕддаг хуыз.

"Раст лыг бахахх кӕндзӕн мыхуыры бӕрзонд гъӕд, ӕвзӕр лыг та фехалдӕн цыфӕнды хорз куыст дӕр", — дзуры Эльбрус.

Эльбрусы куысты фӕрцы мах сымахимӕ кӕсӕм арӕхстджын лыг газеттӕ, журнӕлттӕ ӕмӕ чингуытӕ.

Гӕххӕтт лыг кӕнын бахъӕуы алыгъуызон визиткӕтӕ, листовкӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр полиграфион продукци мыхуыры рӕстӕджы.

11 азы мидӕг Джыгкайты Эльбрус иунӕг хатт дӕр нӕ уыд отпускы. Уый ахӕм зынаргъ кусӕг у, ӕмӕ къухдариуӕгадӕн иу бон дӕр йӕ бон нӕу ӕнӕ йӕ лӕггӕдтӕй бафӕразын.

Цы у зынаргъдӕр

Театры актер-иллюзионист йӕхи хаты куыд "кӕсаг доны". Ам ис йӕ бынат, кӕцы ӕвӕрццагӕй ӕндавы йӕ цардыл, дӕтты йын энерги. Гӕххӕтт лыггӕнӕджы куыстмӕ дӕр Эльбрус ӕрӕвналы тынг арӕхстджынӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕггӕдты гъӕдимӕ бирӕ у баст. Иу хъуыддаг равзарын та уый нымайы ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0