Хъахъхъӕнынады фӕдыл уӕлдӕр ахуырмӕ чи цӕуы, уыдоны ‘мбисы фӕнды ӕфсӕддон медиктӕ суӕвын

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæӔфсӕддон-медицинон ахуыртӕ
Ӕфсӕддон-медицинон ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕм ацы аз ахуырмӕ бацӕудзысты 150 рауагъдоны Хуссар Ирӕй. Хъахъхъӕнынады министрадӕй дарддӕр ма квотӕтӕ рахицӕн кодтой Уӕрӕсейы УУМ ӕмӕ МХМ.

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады Уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕм ахуырмӕ бацӕуын фӕлварынц 44 хуссарирыстойнаг рауагъдоны, фехъусын кодтой Sputnik РХИ хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

Уӕрӕсе ӕрвылаздӕр рахицӕн кӕны квотӕтӕ хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн. Уӕрӕсейаг уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕм ацы аз ахуырмӕ бацӕудзысты 150 рауагъдоны Хуссар Ирӕй. Хъахъхъӕнынады министрадӕй дарддӕр ма квотӕтӕ рахицӕн кодтой Уӕрӕсейы УУМ ӕмӕ МХМ.

МХМ ахуыргӕнӕндоны рауагъдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы МХМ ахуырадон уагдæттæ рахицæн кодтой Хуссар Ирæн 15 бынат

"УФ уӕлдӕр ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕттӕм бацӕуын цы абитуриенттӕ сфӕнд кодтой, уыдон цӕуынц Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон-медицинон къамис. Ӕдӕппӕт Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады Уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕм ахуырмӕ бацӕуын фӕлварынц 44 хуссарирыстойнаг рауагъдоны, уыдонӕй 21 адӕймаджы фӕнды ахуырмӕ бацӕуын Санкт — Петербурджы Кировы номыл Ӕфсӕддон-медицинон академимӕ", — загътой пресс-службӕйы.

Ӕфсӕддон-медицинон къамис сгары абитуриентты ӕнӕниздзинад, бӕлвырд кӕны, бӕззынц ӕви нӕ ӕфсӕддон службӕйӕн. Медицинон къамисы рӕстӕджы фидӕны студенттӕ рацӕуынц офтальмологы, хирургы, отоларингологы, терапевты, стоматологы ӕмӕ ӕндӕр специалистты басгӕрст.

"Ӕфсӕддон службӕйӕн бӕзгӕйыл нымад чи ӕрцӕуой, уыдон рацӕудзысты тестытӕ уӕрӕсейаг 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы бындурыл. Ацы тестытӕ ӕнтыстджынӕй цы абитуриенттӕ рацӕуой, уыдон хъуамӕ раттой нормативтӕ физикон культурӕйӕ", — банысан кодта пресс-службӕйы минӕвар.

УФ Хъахъхъӕнынады министрады уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕ ӕдӕппӕт хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн цал бынат рахицӕн кодтой, уый пресс-службӕйы бӕлвырдӕй нӕ загътой.

Ног хабӕртты лентӕ
0