Къӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн, мэрия ныфс ӕвӕры ӕххуысӕй

© Sputnik / Диана КозаеваКъӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн
Къӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвал ӕмӕ ӕввахс хъӕуты хуыцаубоны уарыд тӕрккъӕвда. Тыхдымгӕ систа хӕдзӕртты агъуысттӕ, дӕргъвӕтин къӕвда та ӕрмӕст хӕдзары ныккӕндтӕ нӕ байдзаг кодта, фӕлӕ ма бакалд хӕдзӕрттӕм дӕр.

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Тӕрккъӕвда ӕмӕ тыхдымгӕ стыр зиан бакодтой Цхинвалы цалдӕр хӕдзарӕн. Иууыл тынгдӕр ӕвзӕр боныгъӕд базиан кодта столицӕйы хуссарварс цӕрджытӕн. УУМ радгӕсон хайады Sputnik фехъусын кодтой, ивгъуыд суткӕйы мидӕг ирвӕзынгӕнджытӕ дӕс хаттӕй фылдӕр кӕй ацыдысты ӕмбӕстӕгты экстренон фӕсидтӕм.

Цхинвал ӕмӕ ӕввахс хъӕуты хуыцаубоны уарыд тӕрккъӕвда. Тыхдымгӕ систа хӕдзӕртты агъуысттӕ, дӕргъвӕтин къӕвда та ӕрмӕст хӕдзары ныккӕндтӕ нӕ байдзаг кодта, фӕлӕ ма бакалд хӕдзӕрттӕм дӕр.

"УУМ ирвӕзынгӕнджытӕ ӕвӕстиатӕй хӕццӕ кодтой цауты бынатмӕ, истой дон ныккӕндтӕй. Ацы куыстытӕ ӕххӕст кӕнӕм абон дӕр дыууӕ хӕдзары. Сӕйраджыдӕр ӕвзӕр боныгъӕд базиан кодта Цхинвалы хуссарварсӕн", — загътой УУМ радгӕсон хайады.

© Sputnik / Диана КозаеваКъӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн
Крышу снесло ветром - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн

Тыхдымгӕ ӕмӕ тӕрккъӕвдайы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта Чилӕхсаты Натальяйы хӕдзар дӕр, уый цырд лӕууыд мигӕнӕнтимӕ ӕмӕ фӕлвӕрдта дон ӕмбырд кӕнын, цӕмӕй йӕ ног цалцӕг пъолӕй исты аивӕрза.

"Сывӕллӕттимӕ уыдыстӕм фыццаг уӕладзыгыл ӕмӕ ӕвиппайды нӕ бамбӕрстон дыккаг уӕладзыгыл ахӕм диссӕгтӕ цӕуы. Куы схызтӕн, уӕдмӕ дон цалдӕр бынаты лӕсӕнтӕ кодта царӕй, систыл. Авӕрдтон ма мигӕнӕнтӕ, фӕлӕ уыдон афтӕ тагъд йедзаг кодтой ӕмӕ-иу сӕ ивын рӕстӕгыл не ‘нтыст. Къӕвда йӕ уарынӕй куы фӕсабыр, уӕд федтам, нӕ хӕдзары агъуыстӕн нын дымгӕ йе ‘рдӕг кӕй сыскъуыдта", — дзуры Наталья.

Сыхӕгтӕм уавӕр ӕвзӕрдӕр уыд — хӕдзар бынтондӕр аззад ӕнӕ агъуыстӕй. Ӕрдзон бӕллӕх нӕ бацауӕрста бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттыл дӕр. Октябры уынджы кӕрон фондзуӕладзыгон хӕдзӕрӕн йӕ агъуыст нырма дӕр ис кӕрты, цӕрджыты ныфс ис ӕмӕ горӕты хицӕуӕттӕ кӕй сцалцӕг кӕндзысты агъуыст ног къӕвдайӕ раздӕр.

"Дон ӕрмӕст фӕндзӕм уӕладзыгыл нӕ лӕсӕнтӕ кодта, фӕлӕ цыппӕрӕмыл дӕр, ныккӕндтӕ байдзаг сты. Агъуыст рӕстӕгмӕ бамбӕрзтой тентӕй, фӕлӕ нын уый зынӕй баххуыс уыдзӕн радон тӕрккъӕвдайы рӕстӕджы. Райсом нӕм ӕрбацыд мэр, ныфс бавӕрдта нӕ проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын. Фӕлӕ нырма ницы куыстытӕ уынӕм, ӕвӕццӕгӕн сӕм арӕзтадон ӕрмӕджытӕ нӕма ис", — дзуры Уалыты Розӕ.

© Sputnik / Диана КозаеваКъӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн
Къӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Къӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн
© Sputnik / Диана КозаеваКъӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн
Къӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4

3/4

4/4

Ӕххуысы фӕдыл хӕдзары цӕрджытӕ бахатыдысты сырх Дзуары Цхинвайлаг офисмӕ, фӕлӕ сын уым загътой, агъуысттӕ ивыны программӕ раджы кӕй бахӕццӕ кӕронмӕ.

Фондзуӕладзыгон хӕдзар ма тынг бахъыгдард 2008 азы августы хӕстон архӕйдтыты рӕстӕджы. Сыхӕгтӕ рахъаст кодтой, зӕгъгӕ уӕдӕй нырмӕ агъуыст раивтой цыппар хатт ӕмӕ иу хатт дӕр куыстытӕ нӕ сӕххӕст кодтой гъӕдджынӕй.

Дымгӕ цы агъуыст сыскъуыдта, уый бахъыгдардта кӕрты лӕууӕг машинӕтӕй иуы, афтӕ ма афӕлдӕхта иу бӕлас. Амондӕн, уыцы рӕстӕджы цӕрджытӕй уынгы ничи уыд, ничи баййӕфта зиан.

Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ӕрдзон бӕллӕхӕн фӕразон нӕ разындысты "ливневкӕтӕ" дӕр. Уый та фӕфылдӕр кодта ацы районы цӕрджыты проблемӕтӕ, уымӕн ӕмӕ сыхаг уынгты дон иууылдӕр ӕмбырд кодта ардӕм ӕмӕ байдзаг кодта хӕдзары ныккӕндтӕ.

Тæрккъæвда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æцæг сæрд Цæгат Кавказмæ æрцæудзæн æрмæстдæр июлы æмбисы

Горӕты администрацийы Sputnik загътой, кӕй баххуыс кӕндзысты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты цӕрджытӕн.

"Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы ӕрдзон бӕллӕх у, ӕмӕ мах хицауадимӕ иумӕ сараздзыстӕм ӕппӕтдӕр, цӕмӕй проблемӕ скъуыддзаг ӕрцӕуа", — загъта Цхинвалы мэры хӕдивӕг Пухаты Дмитрий.

Зианбаййафӕг хӕдзӕртты цӕрджыты ныфс ис ӕмӕ мадзӕлттӕ ист кӕй ӕрцӕудзысты ног тӕрккъӕвдаты размӕ, кӕцытӕм, синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы ӕввахс бонты.

Ног хабӕртты лентӕ
0