Президент бахӕс кодта тыхдымгӕ ӕмӕ тӕркъӕвдайы зианӕн саргъ кӕнын

© Sputnik / Диана КозаеваЦхинвалы хуыцаубоны уыд тӕрккъӕвда тыхдымгӕимӕ
Цхинвалы хуыцаубоны уыд тӕрккъӕвда тыхдымгӕимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид загъта бузныг экстренон службӕтӕн сӕ оперативон куысты тыххӕй ӕмӕ бахӕс кодта зианбаййафджытӕн ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕххуыс бакӕнын.

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид бахӕс кодта, тӕрккъӕвда ӕмӕ тыхдымгӕ цы хӕдзӕрдттӕн базиан кодта, уыдоны цӕрджытӕн максималон цыбыр ӕмгъуыдмӕ баххуыс кӕнын. Ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныныл Тыбылты Леонид уынаффӕ кодта тыхон структурӕты къухдариуӕггӕнджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Къӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къӕвда ӕмӕ дымгӕ разиан кодтой цӕрджыты хӕдзӕрттӕн, мэрия ныфс ӕвӕры ӕххуысӕй

Цхинвалы хуыцаубоны уыд тӕрккъӕвда тыхдымгӕимӕ. Тыхджын дымгӕ кӕцыдӕр хӕдзӕрттӕн систа сӕ агъуысттӕ, цӕрджыты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ ныккӕндтӕ байдзаг сты донӕй. Президент радта бардзырд ӕрдзон бӕллӕх цы зиан бакодта, уымӕн саргъ кӕнын ӕмӕ ӕмбӕлон службӕтӕн та ӕппӕт информаци ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын.

"Зонын, знон службӕтӕ иууылдӕр хайад кӕй истой ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕ иуварс кӕныны хъуыддаджы. Алкӕмӕн дӕр зӕгъын бузныг. Абон хъӕуы банымайын бакӕнгӕ зиан ӕмӕ бынтон цыбыр ӕмгъуыдмӕ баххуыс кӕнын ацы хӕдзӕртты цӕрджытӕн", — хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-секретарь.

Яновскаяйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рабадты дзырд цыд, цӕмӕй УУМ-ы бюджеты ӕвӕрд цӕуой уӕлӕмхас финансон фӕрӕзтӕ ӕмӕ фадӕттӕ, цӕмӕй ӕндӕр ахӕм уӕлвӕткон уавӕрты рӕстӕджы зианбаййафджытӕ ифтонг цӕуой цатыртӕй ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0