ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Хицауад баххуыс кӕндзӕн, ивгъуыд улӕфт бонты тӕрккъӕвда ӕмӕ тыхдымгӕйы рӕстӕджы зиан цы хӕдзӕрттӕн ӕрхастӕуыд, уыдон сцалцӕг кӕнынӕн, загъта журналисттӕн дыццӕджы Хуссар Ирыстоны премьер-министр Хъуылымбегты Доменти.
Хуыцаубоны тыхдымгӕ ӕмӕ тӕрккъӕвда ӕрхастой стыр зиан Цхинвалы ӕмӕ ӕввахс хъӕуты хӕдзарттӕй цалдӕрӕн. Раздӕр республикӕйы президент радта бардзырд бакӕнгӕ зианӕн саргъ кӕнын ӕмӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын.
"Хицауад хӕссы бӕрн, ӕрдзон бӕллӕх ӕмбӕстӕгтӕн цы зиан ӕрхаста, уый фӕдыл. Сӕ хӕдзӕрттӕ сцалцӕг кӕныны куырдиатимӕ нӕм ныридӕгӕн ӕрбахатыдысты ӕртӕ гудзабайраг бинонтӕ. Ис дзы бинонтӕ чысыл сывӕллӕттимӕ, хӕдзӕрттӕ, цы ран цӕрынц дыгай бинонтӕ. Октябры уынджы кӕрон фондзуӕладзыгон хӕдзарӕн та дымгӕ систа йӕ агъуыст. Уым мэрия йӕхи тыхтӕй аразы агъуыст", — загъта Хъуылымбегты Доменти.
Уый ма банысан кодта, ӕввахс рӕстӕджы ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны нысанӕн горӕты администрацийы хыгъдмӕ бахаст кӕй ӕрцӕудзысты ӕхцайы фӕрӕзтӕ — уыдон адих кӕндзысты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг суммӕтӕ горӕты зианбаййафӕг районтыл.