ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады миграцион службӕйы кусджытӕ ӕрурӕдтой Таджикистаны фондз ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ ӕнӕзакъононӕй уыдысты Хуссар Ирыстоны территорийыл, фехъусын кодтой ПӔК пресс-службӕйы.
ПӔК ӕмӕ МХМ миграцион службӕ регулярон ӕгъдауӕй уадзынц иумӕйаг профилактикон мадзӕлттӕ ӕнӕзакъонон миграцийы ныхмӕ.
"Равзӕрсты рӕстӕджы рабӕрӕг, ӕрцахстуӕвджытӕй ӕртӕ республикӕйы территорийыл кӕй сты ӕнӕзакъононӕй, иннӕ дыууӕ та барвӕндӕй фаивтой республикӕйы сӕ цӕрӕн адрестӕ", — радзырдта пресс-службӕйы кусӕг.
Ведомствӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй республикӕмӕ рӕстӕгмӕ цы фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ ӕрцӕуы, уыдон хъуамӕ ӕнӕмӕнг цӕрой, фӕхонӕг фарс развӕлгъау цы адрестӕ бавдыста комитетмӕ, уыцы бынӕтты.
Кӕд ӕмӕ сӕ цӕрӕн бынӕттӕ хицӕн кӕной ӕрбавдисгӕ адрестӕй, уӕд сӕ фӕхонӕг фарс хӕссы канд административон нӕ, фӕлӕ ма уголовон бӕрндзинад дӕр. Ивары бӕрц та гӕнӕн ис ӕмӕ схиза ӕрдӕгмиллион сомы онг.