IBF аргъӕвта Гасситы–Лебедевы ныхмӕлӕуд ауадзыны фӕдыл промоутерон тохтӕ

© FacebookГасситы Мурат
Гасситы Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боксерты командӕтӕ дӕс боны ӕмгъуыдмӕ хъуамӕ бадзурой дыууӕ чемпионы ныхмӕлӕуд ауадзыны бынат æмæ датӕйыл.

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Боксы æхсæнадæмон федераци (IBF) аргъӕвта профессионалон боксертæ Денис Лебедев æмæ Гасситы Мурӕты хсæн ныхмӕлӕуд ауадзыныл промоутерон тохтӕ, фехъусын кодта Sputnik ирон боксеры тренер Сланты Виталий.

Раздӕр федераци снысан кодта промоутерон тохтӕ 5 июлмӕ.

"Ӕрбахатыдысты ноджы дӕс бон раттын бадзырдтӕ ауадзыны тыххӕй, цӕмӕй командӕтӕ ӕнӕ промоутерон тохтӕй бадзурой ныхмӕлӕуд ауадзыны фӕдыл. IBF нын къух сарӕзта", — загъта Сланты Виталий.

Тренер банысан кодта, "ацы ныхмӕлӕуд ӕнӕмӕнгӕй уагъд кӕй ӕрцӕудзӕн".

Ирон боксер Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт æмæ Лебедевы ныхмӕлӕуд сорганизаци кӕныныл стох кæндзысты промоутерон компанитæ

Гасситы Мурӕты уæлахиз америкайаг боксер Джордан Шиммелыл ирон боксерæн фадат радта Боксы æхсæнадæмон федерацийы (IBF) чемпионы титулмæ претендент суæвынæнӕн.

Ирон боксеры æнтыстджын тохы рæстæджы Лебедевы къухы дæр бафтыд æнгæс æнтыст — уый нокаутæй рамбылдта аргентинӕйаг боксер Виктор Рамиресы æмæ уый хыгъд баиу кодта Боксы æппæтдунейон ассоциацийы (WBA) æмæ Боксы æхсæнадæмон федерацийы (IBF) титултæ. Ныр уый хъуамæ рахиза ирон боксеры ныхмæ.

Боксы æхсæнадæмон федерацийы фехъусын кодтой, Рамирес æмæ Лебедевы тох арæзт кæй æрцыд ахæм домæнимæ, цæмæй уæлахиздзау стæй та йæ тыхтæ бафæлвара ног ныхмæлæууæгимæ, уый та уыдзæн Гасситы Мурат, уымæн æмæ уый ис рейтингы дыккаг бынатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0