"Иугонд Ирыстон" ӕмӕ "Единая Абхазия" бафыстой бадзырд Сухумы

© Sputnik / Рада Ажиба"Единая Абхазия" и "Единая Осетия" подписали соглашение в Сухуме
Единая Абхазия и Единая Осетия подписали соглашение в Сухуме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафыстой партитӕ "Иугонд Ирыстон" ӕмӕ "Единая Абхазия"-ы разамонджытӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Сергей Шамба 8 июлы Сухумы.

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik. Бадзырды бындуры фыццаджыдӕр ӕвӕрд ис ӕмбарадон ӕмгуыстад ӕмӕ политикон фӕлтӕрддзинад дих кӕнын, загъта Sputnik Абхазия уацхӕссӕгӕн "Единая Абхазия"-ы лидер Сергей Шамба бафыссыны церемонийы рӕстӕджы Сухумы майрӕмбоны, 8 июлы.

Хуссар Ир, Абхаз, Донецк æмæ Луганскы парламенттæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд

"Парти "Иугонд Ирыстон"-ӕн ис стыр политикон фӕлтӕрддзинад. Хуссар Ирыстоны парламенты уымӕн ис фылдӕр хай. Нӕ разы ма ӕвӕрд сты конституцион-политикон тохы нысӕнттӕ дӕр. Радон парламентон ӕвзӕрстытӕ махӕн сты ахсджиаг этап. Мах сӕм нӕхи цӕттӕ кӕнӕм. Ацы здӕхты мах зонгӕ кӕндзыстӕм нӕ коллегӕты цӕстӕнгасимӕ ӕмӕ исдзыстӕм ацы партийы фӕлтӕрддзинад",- фехъусын кодта Шамба.

Шамба ма фехъусын кодта, ацы бадзырды бафыст кӕй у нысаниуӕгджын парти "Единая Абхазия"-ӕн.

"Кӕд бӕстӕйы ис уӕззау политикон уавӕр, уӕддӕр мах бафыстам рагæй цы бадзырдмӕ æнхъæлмæ кастыстӕм, уый. Нӕ фембӕлдты рӕстӕджы иу мах уынаффӕ кодтам "Ӕмгуыстады фӕдыл" бадзырд бафыссыны фадӕттыл. Хуссар Ирыстонимӕ нын ис рагон иумӕйаг истори. Махӕн уый у ӕмхуызон, рацыдыстӕм бирӕ фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ алыхаттдӕр ныфс ӕвӕрдтам кӕрӕдзийӕ",- загъта Сергей Шамба.

"Единая Абхазия"-ы лидеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕхсӕнпартион бастдзинӕдтӕ архайдзысты хӕдбардзинады принциптӕм гӕсгӕ.

Хуссар Иры Абхазы минӕварады баконды цытджын церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир сратификаци кодта Абхазимӕ бадзырд ӕнӕвизӕйон режимы тыххӕй

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, политикӕйӕ дарддӕр ма, мах фидар кӕндзыстӕм ахастытӕ ӕндӕр къабазты дӕр. Араздзыстӕм мадзӕлттӕ, кӕцытӕ ӕнгом кӕндзысты нӕ республикӕты. Фыццаг рады, хъуыды кӕндзыстӕм, нӕ партиты позицитӕ фенгомдӕр кӕныны фадӕттыл",- банысан кодта Шамба.

Парти "Иугонд Ирыстон"-ы разамонӕг Бибылты Анатолий банысан кодта, бадзырд кӕй фӕахъаз уыдзӕн абхазаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг адӕмы консолидацийӕн.

"Нӕ бадзырды бындур ӕвдыст у нӕ партиты нӕмтты дӕр — иудзинад. Нӕ партитӕ тырнынц ӕхсӕнады консолидацимӕ. Нӕ фыццаг нысан ӕмӕ хӕслӕвӕрд — нӕ адӕмты баиу кӕнын.Нӕ рӕспубликӕты, адӕмы, политикон партиты ӕввахс бастдзинӕдтӕ уыдзысты ахъаз уымӕн, цӕмӕй нӕ ӕхсӕнадтӕ сӕхимидӕг уой иугонд. Ахӕм бадзырдтӕ куы бафыссӕм, уӕд ӕнкъарӕм, кӕй хъуамӕ уӕм иугонд",- загъта Бибылты Анатолий.

"Иугонд Ирыстон" ӕмӕ "Единая Абхазия"-ы разамонджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ иумӕйаг архӕйдтытӕ здӕхт уыдзысты, цӕмӕй нӕ адӕмтӕ феввахсдӕр уой.

Ӕхсӕнадон политикон змӕлд "Единая Абхазия" сырӕзт 2002 азы 27 январы. 2009 азы уый рацарӕзт ӕрцыд партимӕ. Йӕ бындурӕвӕрӕг ӕмӕ разамонӕг уыд Сергей Багапш. Сергей Шамба "Единая Абхазия"-ы сӕргъ лӕууы 2016 азы январӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0