Ирон дзюдоисттӕ Джиоты Аслан æмæ Тасойты Инал рамбылдтой Европæйы Кубок

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæДзюдо
Дзюдо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы æмбырдгонды скоды не ʻмзæххонтæ стох кодтой нывыл æмæ райстой ерысты сыгъзæрин майдантæ.

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Ирон богалтæ Джиоты Аслан æмæ Тасойты Инал рамбылдтой фæйнæ сыгъзæрин майдан дзюдойæ Европæйы Кубокы ерысты, хъусын кæны Осетия Times.

Ерыстӕ уагъд цыдысты æрыгæтты ʻхсæн Венгрийы, горæт Пакшы. Не ʻмзæххонтæ архайдтой Уæрæсейы æмбырдгонды скоды æмæ дыууæ дæр сӕхи равдыстой иттӕг хорз.

"Джиоты Асланæн 100 килограммы уæзы нæ разынд аккаг ныхмæлæууæг. Уый æнцонтæй фæтых ис Хорвати, Серби, Австри, Румыни æмæ украинӕйаг спортсментыл. Финалон тох уый рамбылдта 17 секундмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ӕнгæс архайдта аннæ ирон богал Тасойты Инал дæр. Уый та тох кодта сӕдӕйӕ фылдæр уæзы категорийы. Цалынмæ финалы уæрæсейаг спортсмены рамбылдта, уæдмæ басаста словениаг, сербиаг æмæ австриаг дзюдоистты.

Ног хабӕртты лентӕ
0