Цхинвалы байгом уыдзӕн Латинаг Америкӕйы ӕрмдӕсныты равдыст

© Sputnik / Алексей Ковалевравдыст
равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Никарагуа ӕмӕ Венесуэлӕйы къамисджыты куыстытӕ ӕвдыст ӕрцӕудзысты экспозицийы "Фарн агургӕйӕ: Хуссар Ир, Перу, Никарагуа, Венесуэла".

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Хуссар Ир, Никарагуа ӕмӕ Венесуэлайы нывгӕнджытӕ, къамисджытӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты куыстыты равдыст байгом уыдзӕн Цхинвалы. Организатортӕ куыд нысан кӕнынц, афтӕмӕй культурон мадзал здӕхт у адӕмты иудзинадмӕ ӕнӕ политикӕйӕ.

Экспозици "Фарн агургӕйӕ: Хуссар Ир, Перу, Никарагуа, Венесуэлӕ" байгом уыдзӕн 12 июлы ККЗ "Чермен"-ы.

Къуырисӕры равдыстмӕ фӕуазӕг сты Уӕрӕсейы уӕвӕг Венесуэла, Никарагуа ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕварадты кусджытӕ.

Никарагуайы павильоны ӕвдыст сты иууыл рогдӕр хъӕд — бальзайӕ дзауматӕ.

УФ-йы Никарагуайы минӕварады фыццаг секретарь Альба Торрэс Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй ацы хъӕдӕрмӕгӕй йӕ райгуырӕн бӕстӕйы аразынц каноэ, афтӕ ма алыгъуызон сувениртӕ.

"Горӕт Масаяйы бальзайы бӕласӕй аразынц сувениртӕ. Ацы бӕлас у иууыл рогдӕр дунейы. Нӕ адӕмон ӕрмдӕснытӕ сцӕттӕ кодтой алыгъуызон сувениртӕ абоны равдыстӕн", — загъта Торрэс.

Никарагуа ӕрласта равдыстмӕ националон худтӕ — сомбреротӕ, кӕцыты сцӕттӕ кодтой зӕхкусджытӕ. Альба Торес куыд радзырдта, афтӕмӕй ацы худтӕ хуры тынтӕй фӕхахъхъӕнынц кофе ӕмбырдгӕнджыты сӕ плантацитыл. Афтӕ ма никарагуайӕгтӕ равдыстмӕ ӕрхастой куклӕты националон кафӕн дарӕсы, кӕцытӕ сын ирдӕй ӕвдисынц сӕ фольклор ӕмӕ сӕ тох америкӕйаг диктатурӕйы ныхмӕ. Хицӕн къуым та рахицӕн кодтой, стыр сӕрыстыр цӕмӕй сты, уыцы сигарӕтӕн, фӕрдгуытӕн, тырысатӕн ӕмӕ бирӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ — уыдон иууылдӕр ӕвдыстой индейаг знӕмты фӕдонты культурӕ.

© Sputnik / Алексей КовалевЭкспозици "Фарн агургӕйӕ: Хуссар Ир, Перу, Никарагуа, Венесуэлӕ"
Выставка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Экспозици "Фарн агургӕйӕ: Хуссар Ир, Перу, Никарагуа, Венесуэлӕ"

Экспозицийы ма сты Саулохты Тамара, Цыбырты Алексей, Уалыты Зара ӕмӕ бирӕ ӕндӕр къамисджыты куыстытӕ. Афтӕ ма равдысты хай ссисты ӕрмдӕсны Кӕсӕбиты Андрейы цалдӕр куысты.
Никарагуайы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Хуан Эрнесто Васкесы ныхæстæм гæсгæ, равдыст у здæхт Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуа адæмты фенгомдæр кæнынмæ.

"Кæд территоримæ гæсгæ кæрæдзийæ дард стæм, уæддæр нæ иу кæны сæрибардзинадмæ уарзондзинад æмæ дæргъвæтин тох нæ хæдбардзинадты сæраппонд. Тынг æхсызгон мын у, мах абон кæй аразæм нæ фыццаг равдыст ам. Никарагуайы нырма дæр нæ ферох кодтой уæ паддзахадон ансамблы концерт. Уæд стыр залы къух бавæрæн дæр нæ уыд адæмæй. Ахæм сфæлдыстадон бастдзинæдтæ фадат дæттынц кæрæдзи культурæ æмæ истори арфдæр базонынӕн", — загъта минæвар.

Равдысты баконды агъоммæ мадзал ацыд бæрæгбонон уавæры фуршетимæ ПККЗ "Чермен"-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0