Тыбылты Леонид райста ӕууӕнчы грамотӕтӕ Никарагуайы минӕварӕй

© Sputnik / Алексей КовалевХуан Эрнесто Васкес радта ӕууӕнчы грамотӕтӕ президент Тыбылты Леонидмӕ
Хуан Эрнесто Васкес радта ӕууӕнчы грамотӕтӕ  президент Тыбылты Леонидмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Минӕвар ныфс бавӕрдта Хуссар Ирыстоны президентӕн Никарагуайы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмы ӕрдыгӕй алыварсон ӕххуыс ӕмӕ солидарондзинады фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Никарагуайы минӕвар Хуссар Ирыстоны Хуан Эрнесто Васкес радта ӕууӕнчы грамотӕтӕ республикӕйы президент Тыбылты Леонидмӕ. Церемони уагъд ӕрцыд Цхинвалы, Хицауады хӕдзары.

Дыууӕ латиноамерикӕйаг республикӕтӕ — Никарагуа ӕмӕ Венесуэлӕйы минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ хуыцаубоны ӕртӕбонон визитимӕ. Цхинвалы уыдон райсдзысты хайад цалдӕр мадзалы.

"Ӕхсызгон мын у сымах Хуссар Ирыстоны уынын. Никарагуа нӕ хӕдбардзинад цы бон банымадта, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ бӕстӕты ӕхсӕн сфидар сты хӕларадон ахастытӕ, кӕцытӕ фидар кӕныныл мах кусдзыстӕм дарддӕр дӕр. Мах бафыстам цалдӕр бадзырды, ӕмӕ хъуамӕ саразӕм афтӕ, цӕмӕй уыдонӕн раттӕм ног мидис", — загъта президент Васкесимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Уый банысан кодта, раст ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ кӕй уыдзысты ӕвӕрд республикӕйы ӕддагполитикон ведомствӕйы раз. Тыбылты Леониды ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ агуырд цӕуой фенгомдӕр кӕныны фӕндӕгтӕ, ӕмӕ дӕнцӕгӕн ӕрхаста паддзахадон ансамбль "Симд"-ы гастролтӕ, кӕцытыл Никарагуайы аивадуарзджытӕ сӕмбӕлдысты 2013 азы.

равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы байгом уыдзӕн Латинаг Америкӕйы ӕрмдӕсныты равдыст

Тыбылты Леониды цӕст бауарзта Никарагуайӕн райрӕзт ӕмӕ размӕцыд ӕмӕ арвыста бузныджы ныхӕстӕ бӕстӕйы президент Даниэль Ортегайӕн.

Никарагуайы минӕвар банысан кодта, бӕстӕ кӕй хъавы алыварсонӕй Хуссар Ирӕн ӕххуыс кӕнын, кӕй ис фадат Никарагуайы хицауад ӕмӕ адӕмӕй ныфс ӕвӕрын.

Уый банысан кодта, республикӕмӕ кӕй ӕрцыд ныр цыппӕрӕм хатт, фыццаг хатт та уыд 2010 азы.

"Уӕд мах федтам пырхӕнтӕ, кӕцытӕ йӕ фӕстӕ ныууагъта хӕст. Фӕлӕ мӕ алы ӕрцыдимӕ ӕз уынын, куыд ивы республикӕ, куыд рӕзы ӕмӕ размӕ куыд цӕуы. Нырма бирӕ хъӕуы саразын, фӕлӕ нӕ дызӕрдыг кӕнын, кӕй стут раст фӕндагыл — размӕцыд ӕмӕ амонды фӕндагыл", — загъта Васкес.

Ног хабӕртты лентӕ
0