ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон йӕ мультимедион пресс-центры бындурыл бакӕндзӕн Журналистикӕйы сӕрдыгон скъола. Дыууӕ мӕйы мидӕг редакцийы коллектив дих кӕндзӕн йӕ фӕлтӕрддзинад ӕрыгон коллегӕтимӕ — Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикӕйы факультеты студенттимӕ.
Цӕмӕй уӕлдай тынгдӕр банкъарой ацы агентады уыст, уый тыххӕй фидӕны журналисттӕн радих кӕндзысты кусӕгон бынӕттӕ мультимедион хабы редакцион офисы. Фидӕны журналисттӕ базонгӕ уыдзысты мультимедион агентады куысты форматимӕ, сӕхи бафӕлвардзысты уацхӕсджыты бынаты, базондзысты порталы SMM службӕйы куысты сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ райсдзысты хайад агентады проектты реализацийы.
Сӕрдыгон скъолайы хайадисджытӕ цы ӕрмӕджытӕ ныффыссой, уыдон мыхуыр цӕудзысты Sputnik Хуссар Ирыстоны порталыл — баконд ӕрцӕудзӕн "Студенты колонкӕ".
Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнӕг Нарек Ордяны хъуыдымӕ гӕсгӕ, практикон куыст баххуыс студенттӕн кӕндзӕн сӕ дарддӕры профессионалон рӕзты.
"Ӕцӕг журналист суӕвын ис гӕнӕн ӕрмӕстдӕр практикон ӕгъдауӕй алцыдӕр сфӕлтӕргӕйӕ — уымӕн у нывонд Журналистикӕйы сӕрдыгон скъолайы куыст дӕр. Sputnik Хуссар Ирыстоны цымыдис кӕны республикӕйы медиа-къабазы райрӕзт ӕмӕ йӕ ныфс ис, ацы фӕлтӕрддзинад кӕй феххуыс кӕндзӕн сӕрдыгон скъолайы студенттӕн сӕ дарддӕры профессионалон архайды", — загъта Нарек Ордян.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ.