Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ
Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс Булæмæргъ-ы лауреаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон æвзаджы райрӕзт æмæ парахат кæныны нысанӕн Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы расидт литературон преми "Булæмæргъ" ивгъуыд азы кæрон. Конкурсы хайад райстой куыд зындгонд поэттæ, афтӕ ӕвзонг курдиатджын автортæ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 13 июль — Sputnik. Цхинвалы фæбæрӕг сты литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ — фыццаг бынат конкурсы бацахста Плиты Инал тæлмац æмдзæвгæты тыххæй, дыккаг лауреат ссис газет "Хурзæрин"-ы кусæг, поэт Годжысаты Нелли. Лауреатты нымæц ма баххæст кодта фарастæм къласы ахуырдзау Бестауты Алана.

Ирон æвзаджы райрӕзт æмæ парахат кæныны нысанӕн Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы расидт литературон преми "Булæмæргъ" ивгъуыд азы кæрон. Минæвæрадæн преми саразынæн баххуыс кодта æхсæнадон организаци "Стройцентр". Конкурсы хайад райстой куыд зындгонд поэттæ, афтӕ ӕвзонг курдиатджын автортæ дӕр.

Журналист, æхсæнадон архайæг Плиты Инал ирон æвзагмæ раивта зындгонд испайнаг, англисаг, болгараг æмæ æндæр бæстæты номдзыд поэтты æмдзæвгæтæ, сеʻхсæн Рубен Дарио, Альба Торрес æмæ Андрес Элои Бланко.

"Тынг æхсызгонæй исын ацы бæрзонд хорзæх. Стыр удварны хицау адæм ис бирæ бæстæты. Цæмæй адæймаджы хъуыдытæ ахизой авзаджы арæнтæй, уый тыххæй та ис тæлмацы аивад", — загъта фыццаг премийы хицау.

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ
Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс Булæмæргъ-ы лауреаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ
© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ
Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс Булæмæргъ-ы лауреаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

Премийы дыккаг лауреат ссис Годжысаты Нелли. Премийы хицауæн арфæтæ дзургæйæ, парламенты культурæ, ахуырад æмæ зонады комитеты хистæр Гæбæраты Юрий банысан кодта, хорзæх поэтӕн йæ сфæлыстадон куыст кæй нæ фæкъуыхцы кæндзæн, фӕлӕ йын ратдзӕн ног стимул.

"Хуыцауы комы тæфæй гуырд Хаджеты Таймураз дзырдта, зæгъгæ æцæг поэты премитæ нæ хъæуы, уыдон æй кæнынц сафгæ. Ис тыхджын поэттӕ, стыр поэттӕ, Годжысаты Нелли дӕр хауы уыдонмӕ, ис ын йæхи философи æмæ уынынад. Мæ зæрдæ йын зæгъы æнтыстытæ", — банысан кодта Гæбæраты Юрий.

Номдзыд æмæ фæлтæрд лауреатты нымæц баххæст кодта æрыгон чызг, Цӕгат Ирыстоны Беслӕны скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау Бестауты Алана. Стыр къухæмдзæгъдимæ райстой ӕрӕмбырдуӕвджытӕ чызджы æмдзæвгæ. Скъоладзауы ныййарджытæ сты Хуссар Иры Чысангомæй ацæугæ æмæ йæ историкон райгуырæн къуыммæ уый ныр æрхуыдтой преми райсынмæ.

равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы байгом уыдзӕн Латинаг Америкӕйы ӕрмдӕсныты равдыст

"Ирыстон махæн, кæй зæгъын æй хъæуы, иу у, фæлæ аив дзырды дæсны Аланайӕн дæр йæ фыдæлтæ цардысты Чысангомы хъæутæй иуы. Ныр уым цъиуызмæлæг дæр нал ис. Ирыстоны фидæн йæ кæстæртæй у, ахæм фæсивæд та ныфс дæтты, рæсугъд фидæн нын кæй ис", — банысан кодта профессор Плиты Гацыр.

Премитæ раттыны цытджын цермони ацыд ПККЗ "Чермен"-ы. Уый размæ та бæстыхайы бакодтой латиноамерикӕйаг ӕрмдӕсныты равдыст"Фарн агургӕйӕ: Хуссар Ир, Перу, Никарагуа, Венесуэла".

Аивадон коллективтæ "Къона"æмæ "Амонд" сæххæст кодтой музыкалон номыртæ, се сфæлдыстад æрæмбырдуæвджытæн схæлар кодтой зарæггæнджытæ Хъуылымбегты Сослан, Алла Кокион æмæ Бязырты Аллæ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0