ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны дӕргъвӕтин ӕнтыстджын фидауынгӕнӕн операцимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ирон-гуырдзиаг конфликтӕн сабырӕй аскъуыддзаг кӕныны перспективӕ нӕ уыд, загъта Sputnik СБӔТ-ы цӕгатирыстойнаг батальоны раздӕры ӕфсӕддон сӕргълӕууӕг Фриаты Хъазбег.
Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы 24-ӕм хатт нысан кӕнынц гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонӕмӕ фидауынгӕнджыты баконд. СБӔТ Хуссар Ирыстонмӕ баконд ӕрцыдысты 1992 азы 14 июлы, уыцы аз сӕрды Сочийы цы бадзырдтӕ бафыст ӕрцыдысты, уыдон бындурыл. Ацы датӕ бӕрӕгбонон къӕлиндармӕ хаст ӕрцыд, куыд Фидауынгӕнӕджы бон.
Фриаты Хъазбег фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд 1990 азы, Дзауы районы тыхджын зӕххӕнкъуысты дыккаг бон. Уӕд уый куыста Цӕгат ирыстоны ӕмбӕстагон хъахъхъӕнынады штабы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕгӕй, къорд ӕрцыд, цӕмӕй республикӕйӕн баххуыс кӕна ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕ аиуварс — ӕрластой цатыртӕ ӕмӕ фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕуӕг дзауматӕ.
Фидауынгӕнӕн операцийы сконды та Фриайы фырт ӕрцыд 1992 азы декабры, конфликты зонӕмӕ СБӔТ бакӕнынӕй ӕрдӕг азы фӕстӕ. Цӕгатирыстойнаг батальоны хистӕр, ӕфсӕддон сӕргълӕууӕджы бынаты уый раивта инӕлар Тӕболты Владимиры. Уыцы рӕстӕджы хабӕрттыл Хъазбег Никъалайы фырт дзуры ӕфсӕддонау уазалӕй.
"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зындзинӕдтӕ уыд алыхаттдӕр. Ӕз ӕххӕст кодтон куыст, кӕцы хъуыд ӕххӕст кӕнын. Хуссар Иры уыдтӕн 1994 азы онг, уый фӕстӕ ӕрӕздӕхтӕн Цӕгат Ирмӕ. Ирыстоны хуссармӕ ногӕй ӕрцыдтӕн авд азы фӕстӕ — 2001 азы Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады куырдиатмӕ гӕсгӕ, уӕдмӕ мӕ кадрон службӕ кӕронмӕ бахӕццӕ", — мысы уый.
Дӕлбулкъон дзуры, уыцы рӕстӕджы фидауынгӕнджыты сӕйраг хӕслӕвӕрд кӕй уыд ныхмӕлӕууӕг фарсыты ахицӕн кӕнын, хъӕутӕ ӕмӕ сӕ цӕрджыты бахъахъхъӕнын, уӕлдайдӕр та Гуырдзыстоны арӕнмӕ ӕввахс ӕвӕрд кӕцытӕ уыдысты. Фидауынгӕнджыты арæнгæсуаттӕ уыдысты тӕккӕ дӕр уым, гуырдзиаг посттӕм ӕнгом.
"Лӕууыдыстӕм гуырдзиӕгты фындзы бын. Нӕ фӕстӕ ничи уыд, нӕ разы та ӕрмӕстдӕр гуырдзиӕгтӕ", — дзуры Фриайы фырт.
Уӕд цӕгатирыстойнаг батальоны сконды уыд 900 ӕфсӕддон службӕгӕнӕджы. Фӕлӕ дыккаг ӕрцыдмӕ цӕгатирыстойнаг фидауынгӕнджыты нымӕц фӕкъаддӕр кодтой 500 адӕймаджы онг, ахӕм уавӕрты службӕ хӕссын уыд бирӕ уӕззаудӕр.
"Ӕфсӕддон хъуыддаг хъуамӕ ӕххӕст кӕной профессионалтӕ, кӕцытӕ ӕмбарынц скъуыддзаг сӕххӕст кӕнынӕн ӕрмӕст гӕххӕт афыссын фаг кӕй нӕу. Уыцы дамгъӕты уӕргъ стӕй солдӕттӕ хӕссынц. Фидауынгӕнджыты нымӕц фӕкъаддӕр кӕныны ницы ӕнӕмӕнгхъæуындзинад уыд. Бирӕтӕн ацы службӕ уыд райгуырӕн бӕстӕ бахъахъхъӕнынӕй дарддӕр иунӕг фӕрӕз бинонты фӕдырынӕн. Фӕлӕ уӕддӕр мах намысджынӕй ӕххӕст кодтам нӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ, ирон контингент та алы фарсты дӕр хицӕн кодта хорзырдӕм", — загъта Фриаты Хъазбӕг.
Ӕфсӕддон адӕймаг ӕмбӕрста, хӕстмӕ кӕй цӕуы хъуыддаг, конфликтӕн сабырӕй аскъуыддзаг кӕныны перспективӕ булкъон нӕ уыдта. Уый иу ӕмӕ дыууӕ хатт нӕ бахатыд, цӕмӕй йӕ ацы посты раивой, зӕгъгӕ, "моралонӕй бафӕллад". Фӕлӕ уӕлдӕр къухдариуӕгад нымадта, йӕ мисси кӕронмӕ кӕй нӕма бахӕццӕ. Булкъон уыдта, уавӕр бонӕй бон кӕй ӕндыгъддӕр кӕны, 7 августы изӕрӕй та алцыдӕр уыд ӕмбӕрстгонд — Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны арӕнмӕ ӕрбакодта 400 иуӕджы ӕфсӕддон техникӕ. Хъазбег Никъалайы фырты нымӕдтытӕм гӕсгӕ, "Гуырдзыстон не рдӕм кӕй раздӕхта фондз-ӕхсӕз мин солдаты".
"Ӕз бафӕдзӕхстон мӕхиуӕтты, цӕмӕй мачи макуыдӕм ацӕуа ӕмӕ алчидӕр лӕууа йӕ бынаты. Ӕз нымадтон: раз райдыдтам, уӕд хъуыддаг хъуамӕ кӕронмӕ акӕнӕм. Цхинвалы нын уадиссаг ницы тыхтӕ уыд, иууылдӕр уыдысты арӕнгӕсуӕтты, цы ран регуляронӕй истам информаци. Уыцы бонты нӕ бастдзинад иу бон дӕр никуы фескъуыд", — мысы уый.
Уӕрӕсейаг фидауынгӕнӕн операци Хуссар Ирыстоны уникалон кӕй уыд, уый тыххӕй бирӕтӕ уарзынц дзурын. Фриайы фырт нымайы, алы ахӕм операци дӕр уникалон кӕй вӕййы. Уый дзуры, ацы операци уникалон схонӕн кӕй ис уымӕн, ӕмӕ фидауынгӕнджыты бантыст бакӕнын "лӕмӕгъ Уӕрӕсейы уавӕрты".
"Уникалон уымӕн у, ӕмӕ бантыст тугкалд ӕрлӕууын кӕнын. Уымӕй дарддӕр ацы операци уыд фыццаг ССРЦ-ы ныппырхы фӕстӕ. Хъуыддаг фӕцис хӕстӕй, ӕмӕ уый хуыздӕр скъуыддзаг нӕ уыд. Фӕлӕ уый фӕцис Хуссар Ирыстоны пайдайӕн минималон зиӕнттимӕ. Мах хъуыды кӕнӕм, цас адӕм фӕмард "ахастон сабырады" рӕстӕджы хӕцӕнгарзимӕ ӕнӕарӕхстӕй пайда кӕныны аххосӕй. Ацы уавӕр куы ивӕзтаиккам, уӕд уыдаид бирӕ ӕвзӕрдӕр", — дарддӕр кӕны йӕ ныхас.
Йӕ раздӕры ӕмкусджытимӕ Хъазбег Никъалыйы фырт бастдзинад нӕ сафы. Дзуры, зӕгъгӕ йӕм телефонӕй арӕх бадзурынц, фембӕлынц бӕрӕгбӕтты. Уымӕй дарддӕр, уый у хуссарирыстойнаг организаци "Фидауынгӕнӕджы" уӕнг. Булкъон ма лӕууы цӕгатирыстойнаг хӕсты ӕмӕ ӕфсӕддон службӕйы ветеранты комитеты сӕргъ. Уый ӕрвылаздӕр ӕрцӕуы Цхинвалмӕ Фидауынгӕнӕджы бонмӕ, цӕмӕй фембӕла йе мгӕрттыл ӕмӕ ссары, удыгас чи нал у, уыдон рухс ном.
СБӔТ-ы мисси адарддӕр ис 16 азы дӕргъы ӕмӕ кӕронмӕ бахӕццӕ 2008 азы августы. Ацы хӕст ахаста 15 фидауынгӕнӕджы царды. Уыдон ном сӕнусон кӕныны тыххӕй Цхинвалы иу уынгӕн радтой сӕ ном.