ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Фидауынгӕнджытӕ ӕрхастой Хуссар Ирыстонмӕ сабырад дӕргъвӕтин ӕзтӕм, сӕ хъӕбатырдзинад сын республикӕйы адӕм никуы ферох кӕндзысты, загъта президент Тыбылты Леонид Фидауынгӕнӕджы бонӕн нывонд цытджын мадзалы.
Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы 24-ӕм хатт нысан кӕнынц фидауынгӕнӕн тыхты ӕрбаконд. Республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ дзыллӕйады минӕвӕрттӕ, раздӕры фидауынгӕнджытӕ, кӕцытӕ хастой службӕ СБӔТ-ы цӕгатирыстойнаг батальоны сконды, сӕвӕрдтой дидинтӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон службӕгӕнджыты цыртытӕм, кӕцытӕ фӕмард сты 2008 азы августы.
"Мах бирӕ хъизӕмӕрттӕ рацыдыстӕм, фӕлӕ Уӕрӕсейы фӕрцы абон цӕрӕм сӕрибар ӕмӕ хӕдбар паддзахады. Уӕрӕсейы къухдариуӕгад райста фидар фӕндон, цӕмӕй аирвӕзын кӕна хуссарирыстойнаг адӕмы. Фидауынгӕнӕн тыхты ӕрбакондимӕ ам ныллӕууыд сабырад. Адӕмы зӕрдӕты ӕнустӕм цӕрдзысты фидауынгӕнджыты нӕмттӕ, кӕцытӕ сӕ цард радтой не ‘мбӕстӕгты, нӕ республикӕйы сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады сӕрвӕлтау", — загъта Тыбылты Леонид.
2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы фӕмардуӕвӕг солдатты рухс ном ссардтой иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.
Президент зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фидӕн аз фидауынгӕнӕн тыхты ӕрбакондыл кӕй сӕххӕст уыдзӕн 25 азы ӕмӕ "ацы датӕ Хуссар Ирыстон кӕй хъуамӕ банысан кӕна уӕлдай уӕрӕхӕй".
Парламенты спикер Бибылты Анатолий банысан кодта, республикӕйы цӕрӕг нӕлгоймагты фылдӕр хай кӕй службӕ кодта фидауынгӕнӕн тыхты, уыдонӕй бирӕтӕ абон дӕр кусынц тыхон структурӕты, намысджынӕй сӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ.
Йе ‘мкусджытӕн бӕрӕгбонон арфӕ ракодта Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхты цӕгатирыстойнаг батальоны раздӕры ӕфсӕддон сӕргълӕууӕг Фриаты Хъазбег.
"Стыр цыт кӕнын Хуссар Ирыстонӕн, йӕ адӕмӕн, цы ран Фидауынгӕнӕджы бон нысан кӕнынц раддзахадон ӕмвӕзадыл. Фидауынгӕнӕн операци ӕрхаста сабырад ӕмӕ аскъуыддзаг уӕлахизӕй. Уадз ӕмӕ ацы уӕлахиз республикӕйӕн ӕрхӕссӕт дидинӕфтыд, уадз ӕмӕ ам рӕзӕт хъӕлдзӕг ӕмӕ ӕнӕниз сывӕллӕттӕ", — загъта уый.
Фидауынгӕнджытимӕ фембӕлд традицимӕ гӕсгӕ уагъд ӕрцыд Цхинвалы, горӕты парчы.