Газы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн зианбаййафӕг сылгоймаджы уавӕр фӕхуыздӕр

© Sputnik / Мария КотаеваЦхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сылгоймаг нырма дӕр ис реанимацион хайады, йӕ цардӕн ницыуал тас у.

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. Цхинвалы газы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн зианбаййафӕг сылгоймаджы уавӕр фӕхуыздӕр, фехъусын кодтой Sputnik республикон соматикон рынчындоны райсӕн хайады.

Газ срӕмыгъта Цхинвалы фондзуӕладзыгон хӕдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы газы срӕмыгъд нӕ бахъыгдардта бирӕуӕладзыгон хӕдзары конструкцитӕ

Цхинвайлаг 1932 азы гуырд сылгоймаг цыппӕрӕмы зиан баййӕфта цардуагон газы срӕмыгъдӕй. Йӕ фатеры рудзгуытӕ ныппырх сты, фӕлӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары конструкцитӕ хъыгдард не ‘рцыдысты.

"Пациенткӕ нырма дӕр ис реанимацион хайады, йӕ уавӕр фӕхуыздӕр, йӕ цардӕн ницыуал тас у. Уымӕ гӕсгӕ йӕ тагъд ракӕндзысты палатӕмӕ", — загътой рынчындоны.

Срӕмыгъд анӕрыд цыппӕрӕмы Мамсырайы фырты уынгыл, 14-ӕм хӕдзары.

Ног хабӕртты лентӕ
0