00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Ирон эфир
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Ирон эфир
09:28
3 Мин
Утро на Спутнике
09:31
29 Мин
Главные темы
Новости
12:00
3 Мин
О главном на Спутнике
Тенденция на снижение: о миграционной ситуации в Южной Осетии
12:08
5 Мин
О главном на Спутнике
В республике пройдет турнир по шахматам в честь 125-летия Васо Абаева
12:13
4 Мин
Главные темы
Новости
12:30
3 Мин
О главном на Спутнике
Директива №21: как план "Барбаросса" изменил ход Второй мировой войны
12:37
22 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Ниццӕйы теракты амӕттӕгты хсӕн ирӕттӕ уыд, уый тыххӕй ницы информаци ис

© REUTERS / ERIC GAILLARDНицца
Ницца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ниццӕйы теракты фӕмардуӕвджыты ӕмӕ зианбаййафджыты ӕхсӕн ис бирӕ фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ, уыдон нымӕцы уырыссӕгтӕ. Нырма ницы зонӕнтӕ ис, се ‘хсӕн ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕ, науӕд туристтӕ Ирыстонӕй ис ӕви нӕ.

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. Развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ, Францы цӕрӕг ирӕттӕй Ниццӕйы теракты рӕстӕджы ничи баййӕфта зиан, фехъусын кодта Sputnik ирон ӕхсӕнадты ассоциаци "Сæндидзæн" ("Ренессанс") Парижы сӕргълӕууӕг Хъесаты Борис.

84 уды ахӕссӕг теракт ӕрцыд Ниццӕйы дысон ӕхсӕвы Бастилийы сисыны бӕрӕгбон нысан кӕныны рӕстӕджы. Фӕмардуӕвджыты ӕмӕ зианбаййафджыты ӕхсӕн ис бирӕ фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ, уыдон нымӕцы уырыссӕгтӕ.

РХИ минӕварады кусджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ Францы минӕварадмӕ Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ минӕварады кусджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ Францы минӕварадмӕ Мӕскуыйы

"Мӕхӕдӕг Парижы цӕрын ӕмӕ ӕнамонд хабары тыххӕй базыдтон ӕрмӕстдӕр райсомӕй. Нырма ницы бӕлвырд информаци ис, амӕттӕгты ӕхсӕн ирӕттӕ ис ӕви нӕ. Фӕлварын Ниццӕйы цӕрӕг зонгӕтӕм телефонӕй бадзурын", — загъта Хъесаты Борис.

Sputnik ма фӕдзырдта цалдӕр иронмӕ, кӕцытӕ цӕрынц Францы. Уыдон фехъусын кодтой, сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ зонгӕтыл дӕр кӕй ницы бӕллӕх ӕрцыд.

Французаг горӕт Ниццӕ цыппӕрӕмы изӕрӕй ӕрцыд террористон акт. Адӕм ӕрӕмбырд сты денджызы былгӕрон, цӕмӕй бакӕсой Бастилийы сисыны бонмӕ бӕрӕгбонон фейерверк. Бынӕттон рӕстӕгмӕ гӕсгӕ, 22.30 сахатмӕ ӕввахс (23.30 мск) адӕмы къордыл алӕгӕрста уӕзласӕн машинӕ. Цæстæйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуыстис ӕхст.

Теракты фӕмард 80 адӕймаджы, 120 та райстой цӕфтӕ. Уӕзласӕн машинӕйы шофыры аиуварс кодтой. Францы президент ацы ӕбуалгъ хабар схуыдта теракт.

Ног хабӕртты лентӕ
0