Черчесты Станислав нысан æрцыд УФ футболон æмбырдгонды сæйраг тренерæй

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæЧерчесты Станислав
Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы футболон цæдис æмæ Черчесты Станислав къуырисæры балхынцъ кодтой сæ бадзырдон процесс.

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Ирон тренер Черчесты Станислав фидар æрцыд Уæрæсейы футболон ӕмбырдгонды сæйраг тренеры бынаты, хъусын кæны Р-Спорт Уæрæсейы футболы цæдисы минæвары информацийыл æнцойгæнгæйæ.

"Уæрæсейы футболон цæдис æмæ Черчесты Станислав къуырисæры балхынцъ кодтой сæ бадзырдон процесс. Йæ фæстиуæгæн Черчесты Станислав фидар æрцыд сæйраг тренеры бынаты. Официалон суагъæ æмæ контракт фыст хъуамæ æрцæуой 23 июльмæ", — хъусын кæны агентады ныхасæмбал.

Раздæры тренер Леонид Слуцкий йæ бынатæй сæрибар ӕрцыд 2016 азы Европæйы чемпионаты Уæрæсейы æмбырдгонды æвзæр хъазты фæстиуæгæн, цыран уый æртæ матчы райста æрмæстдæр иу очко.

Биографион справкæ

Черчесты Станислав райгуырд 2 сентябры 1963 азы Цæгат Ирыстоны горæт Алагиры.

Йæ профессионалон карьерӕ райдыдта Орджоникидзейы "Спартак" —ы дуаргæсæй. уым архайдта 1981 —1984 æзты. Уый фæстæ йæ æрхуыдтой мæскуыйаг "Спартак"-мæ.

1988 азы сезон Черчесты Станислав арвыста мæскуыйаг "Локомотив"-ы, фæлæ та 1989 азы раздæхт "Спартак"-мæ, клубы сæйраг тренеры хуындмæ гæсгæ, куыд сæйраг дуаргæс, афтæ.

1989 азы Черчесты Станислав райдыдта хъазын бæстæйы æмбырдгонды сконды.

1993 азы июлы голкипер ахызт дрездены "Динамо"-мæ, цыран архайдта 1995 азы онг.

Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Черчесты Станислав "Легия"-йӕ сарӕзта Польшӕйы уӕлахиздзау

1996 азы Черчесты Станислав бафыста контракт австрийаг "Тироль"-имæ.

2002 августы Черчесты Станислав раздæхт "Спартак"-мæ æмæ сæхгæдта йæ футболисты карьерæ.

Ӕдæппæтæй Черчесты Станислав мæскуыйаг клубæн ахъазыд 200 матчы, уыдоны бауагъта 160 пурти. Советон цæдисы, Хæдбар паддзахӕдты цæдисы æмæ Уæрæсейы æмбырдгондты сконды Черчесты Станислав ахъазыд 49 официалон матчы.

2004 райдыдта тренеры куыст австриаг клуб "Куфштайн"-æй, уыцы аз ноябры рахызт йæ раздæры клуб "Тироль"-мæ, кæцы уæдмæ йæ ном раивта "Ваккер-Тироль"-мæ, уым ирон тренер куыста 2006 азмæ.

2006 июлы Черчесты Станислав раздæхт мæскуыйаг "Спартак"-мæ, 13 августы 2008 азы сæрибар æрцыд йæ бынатæй.

27 сентябры 2011 азы Черчесты Станислав нысан æрцыд цæцæйнаг командæ "Терек"-ы сæйраг тренерæй. Дыууæ азы фæстæ ацыд ацы бынатæй. Уый фæстæ куыста пермаг "Амкар" æмæ мæскуыйаг "Динамо"-имæ

Черчесты Станислав 2015/16 сезоны тренировкæ кодта Польшæйы "Легия"-йы, командӕимӕ рамбылдта бӕстӕйы чемпионат æмæ Кубок.

Ӕрæджы ма ирон специалист райста æнхъарæн австрийы чемпион "Ред Булл"-ы сæргъ слæууыны фæдыл, фæлæ Уæрæсейы æмбырдгонды бынат куы ссæрибар ис, уæдæй фæстæмæ Черчесты Станислав клубимæ бадзырдон процесс æруæрдта.

Черчесты Станислав — 1987æмæ 1989 æзты Советон Цæдисы чемпион, 1991 азы Советон Цæдисы æзист призер, 1992 æмæ 1993 азы Уæрæсейы чемпион æмæ æндæртæ. Уымæй дарддæр ма у журнал "Огонёк"-ы 1989, 1990, 1992 æзты приз "Вратарь года"-йы хицау.

2003 газы Черчесты Станислав райста "Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер"-ы ном.

Черчесты Станиславӕн ис бинонтæ, хъомыл кæны чызг Мӕдинæ æмæ фырт Станиславы.

Ног хабӕртты лентӕ
0