ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Хуссарирыстойнаг нывгæнджыты равдыст "Южная Осетия — Крым" байгом уыдзӕн 22 июлы Хъырымы, Симферополы аивадон музейы, фехъусын кодта Sputnik культурæйы министрады минӕвар Цхуырбаты Джульетта.
"Хуссар Иры культурæйы министрады делегаци дыццæджы афæндараст ис Хъырыммӕ. Уым сараздзыстӕм гуырахстджын равдыст — 80 нывæй конд экспозицийы уыдзæн республикæйы æппæт нывгæнджыты куыстытæ дæр", — радзырдта Цхуырбаты Джульетта.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, делегацийы сконды культурæйы министрады сӕргълӕууӕг æмæ кусджытæй дарддæр ис Нывгæнджыты цæдисы уæнгтæ, афтæ ма зарæггæнджытӕ ӕмӕ кафджытӕ.
"Нывгæнджыты равдыстæй дарддæр ма бынӕттон цæрджытæн фадат уыдзæн базонгӕ уӕвын ирон музыкæ æмæ хореографиимæ дæр", — банысан кодта Цхуырбиан.
Равдыст бакæндзысты 22 июлы æмæ цæудзæн 2 августмæ. Мадзал арӕзт цӕуы Хуссар Иры культурæйы министрады хъæппæрисæй.