Лев Кузнецов загъта Тыбылты Леонидӕн йӕ хъуыды арӕзтадон процесты фӕдыл

© Sputnik / Мария КотаеваЛев Кузнецов загъта Тыбылты Леонидӕн йӕ хъуыды арӕзтадон процесты фӕдыл
Лев Кузнецов загъта Тыбылты Леонидӕн йӕ хъуыды арӕзтадон процесты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Лев Кузнецов республикӕйы президентӕн фехъусын кодта Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтадон процессы ӕвӕрццаг ӕмӕ ӕппӕрццаг фарсытыл.

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Лев Кузнецов Тыбылты Леонидӕн радзырдта, Цхинвалы арӕзтадон фӕзуӕтты басгӕрсты рӕстӕджы йын иуӕй иу нардуатисджытимӕ кӕй уыд карз ныхас, уымӕн ӕмӕ хицӕн арӕзтӕдты куыстыты темптӕ графикӕй фӕстейӕ зайынц.

Лев Кузнецов, архивон къам. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лев Кузнецов: иууыл хуыздӕр контролгӕнӕг – коллектив, кӕцыйӕн аразынц объект

"Мах басгӕрстам социалон нысаниуӕгджын объекттӕ, цӕрӕнуӕттӕ ӕмӕ фӕндӕгтӕ. Хъыгагӕн, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ графикӕй фӕстейӕ зайынц. Семӕ нын уыд серьезон ныхас. Лӕгъстӕ никӕмӕн кӕндзыстӕм, уыцы рӕстӕджытӕ раджы аивгъуыдтой. Ӕхсызгон нын уый уыд, ӕмӕ иуӕй-иу арӕзтадон фӕзуӕттыл кӕй архайынц бынӕттон арӕзтадон фирмӕтӕ. Хъӕутӕ центримӕ цы фӕндӕгтӕ иу кӕнынц, уыдон фӕхуыздӕр сты. Иумӕйагӕй горӕты дӕр ис хорз динамикӕ фӕндӕгтимӕ", — загъта Кузнецов.

Президент загъта бузныг уӕрӕсейаг министрӕн бакӕнгӕ куыст ӕмӕ хъусдарды тыххӕй ӕмӕ йын дзырд радта, нардуатон организацитӕ иууылдӕр кӕй сты ӕдзух контролы бын.

"Контролы фӕдыл мах ӕмӕ сымах куыст у ахадгӕ. Финансон фӕрӕзтӕ хардз кӕныны фӕстиуджытӕ дӕр бӕрӕгӕй зынынц. Ацы нысан ӕз мӕхицӕн ӕрӕвӕрдтон президенты бынаты мӕ фыццаг бонӕй", — загъта Тыбылты Леонид ӕмӕ бафтыдта, нырма дӕр кӕй ис бирӕ фарстытӕ, кӕцытӕ домынц скъуыддзаг.

Кузнецовы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕндидзӕн процесты фӕстӕ республикӕйы къухдариуӕгад кӕй хъуамӕ бакуса экономикӕйы реалон сектор къӕхтыл слӕууын кӕныны механизмтыл.

"Хъӕуы ӕрбахонын инвесторты, кӕцытӕ ратдзысты ног гъӕдджын улӕфт экономикӕйӕн, уый фӕрцы та фӕфылдӕр уыдзысты цӕрджыты ӕфтиӕгтӕ, фӕзындзӕн ног куыстбынӕттӕ, бюджетмӕ цӕудзӕн фылдӕр фиддонтӕ ӕмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн гъӕдджын инвестицион климат", — загъта Кузнецов.

Лев Кузнецов басгӕрста объекттӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лев Кузнецов басгӕрста объекттӕ Цхинвалы – кӕм ӕппӕлгӕ, кӕм та ӕфхӕргӕ

Республикӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, республикӕйы экономикӕйы райрӕзтӕн ахъаз кӕй уаид паддзахадон ӕххуыс фермерон хӕдзарадтӕн, чысыл амалиуӕгадӕн.

"Хуссар Ирыстон кӕдфӕндыдӕр нымад цыд хъӕууонхӕдзарадон республикӕйыл, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт амӕлттӕй хъӕуы кусын фос дарыныл, зайӕгойтӕ хъомыл кӕныныл, фермерон хӕдзарадтӕн ӕххуысыл, кӕцыты нымӕц хъӕуты фылдӕр кӕны бонӕй бонмӕ. Амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ ӕрыгон бизнесментӕн ӕххуысы тыххӕй фарстыл та мах уынаффӕ кодтам нӕ коллегӕтимӕ Мӕскуыйы дӕр", — загъта президент.

Кузнецов ӕмӕ республикӕйы президент сӕ ныхас адарддӕр кодтой ӕхгӕд дуӕртты фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0