ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Ног мобилон оператор сараздзӕн конкуренци "Остелеком"-ӕн, фехъусын кодта РХИ бастдзинад ӕмӕ информатизацийы фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Джиголаты Хасан пресс-конференцийы рӕстӕджы, кӕцы уагъд ӕрцыд дыццӕджы проект "ӕргом хицауад"-ы фӕлгӕтты.
Джиголаты Хасаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕрмагонд мобилон оператор Теле2, кӕцы Уӕрӕсейы у хъуыстгонд йӕ аслам ӕргътӕй, цӕттӕ у республикӕйы куыстмӕ ӕрӕвналын.
"Ифтонггарз цӕттӕ у пайдакӕнынӕн. Операторы 25% сты хицауады къухы, фӕлӕ нырма ӕхцайы фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕй не рцыдысты, уымӕ гӕсгӕ операторӕн нӕй фадат Хуссар Ирыстоны ӕххӕстӕй кусын ", — загъта комитеты сӕргълӕууӕг.
Джиголаты Хасаны хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕндӕр оператор сараздзӕн конкуренци иунӕг хуссарирыстойнаг оператор "Остелеком"-ӕн ӕй техникон фӕрӕзтӕ ӕмӕ тарифтӕй.
Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны ныртӕккӕ цы оператор архайы — "Остелеком"- цӕттӕ кӕй у йӕ аргъон политикӕ рацаразын.
Пресс-конференцийы рӕстӕджы ма Комитеты сӕргълӕууӕг радзырдта телеуынынады цифрӕйон фидиуӕнмӕ рахызтимӕ баст проблемӕтыл, кӕцымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕлхӕд ӕрцӕуа зынаргъ ифтонггарз.
"Ныртӕккӕ цифрӕйон фидиуӕнмӕ рахызт баст у финансон фӕрӕзтимӕ. Цифрӕйон рестранслятор сӕвӕрынӕн, кӕцы аххӕсдзӕн ӕрмӕст нӕ республикӕйы столицӕйыл, хъӕуы 25 милуан сомы", — загъта Джиголаты Хасан.
Уый банысан кодта, ӕмӕ цӕмӕй республикӕйы районтӕ ӕмӕ горӕтты телефидиуӕнимӕ проблемӕтӕ ма ӕвзӕра, уый тыххӕй Хуссар Ирыстонӕн хуыздӕр уаид аналогон форматы цӕуын эфиры.