"Остелеком" фæкъаддæр кæндзæн бастдзинад æмæ интернеты æргътæ

© Sputnik / Мария КотаеваМегафон Хуссар Ирыстон
Мегафон Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг вице-премьер Тъехты Аланы ныхæстæм гæсгæ, æргътæ фæасламдæр уыдзысты æввахс дыууæ мæйы.

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстонæн бантыст развæлгъау бадзырд саразын мобилон бастдзинады оператор "Остелеком"-имæ, цæмæй фæкъаддæр уой бастдзинад æмæ интернеты æргътæ, загъта фыццаг вице-премьер Тъехты Алан.

ЗАО "Остелеком" — фыццаг мобилон бастдзинады оператор РХИ-ы территорийыл. Компани арæзт æрцыд 2004 азы. 2010 азæй "Остелеком" ифтонг кæны бастдзинады лæггæдтæй мобилон бастдзинады фыццаг уæрæсейаг оператор бренд "Мегафон"-ы бын. Цæрджытæ арæх хъаст кодтой бæрзонд æргътæ æмæ лæггæдты æвзæр гъæдæй.

Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Остелеком" бамбарын кодта æвзæр бастдзинад æмæ интернеты аххосаг

"Компанитæ "Мегафон" æмæ "Остелеком"-ы къахдариуæгадимæ бадзырдтæ ауадзыны фæстæ æмæ нæ развæлгъау бадзырдтæм гæсгæ, Хуссар Иры æввахс 1,5-2 мæйы бастдзинад æмæ интернеты лæггæдты аргъ фæкъаддæр уыдзæн 30-40% æмæ ныр æргътæ уыдзысты цæгатирыстойнаг аналогон лæггæдты æргътæм æввахс", — ӕрхаста Тъехты Аланы ныхæстæ президент æмæ хицауады пресс-службæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, мобилон бастдзинад æмæ интернет, афтæ ма ацы лæггæдты æргътæ алыхаттдæр уыдысты ахсджиаг республикæйы цæрджытæн, цæрджытæ та арæх цыдысты сæ претензитæ æмæ хъæстытимæ къухдариуæгадмæ.

"Президент бахæс кодта ацы фарстыл бакусын æмæ æрæвæрдта нысан — интернеты лæггæдты аргъ фæкъаддæр кæныны æмæ мобилон бастдзинады гъæд бынаты дæр æмæ роумингы дæр фæбæрзонддæр кæныны фарст аскъуыддзаг кæнын", — загъта уый.

Тъехты Алан ма банысан кодта, кæй ма цæуы куыст бастдзинады ифтонггарзы модернизацийы фарстытыл, кæцы фæахъаз уыдзæн бастдзинады лæггæдты гъæд фæбæрзонддæр кæнынæн.

"Уый фæстиуæгæн интернет стабилонæй кусдзæн ныры онг æвзæр цы районты куыста, уым дæр", — загъта вице-премьер.

Ацы аз январы РХИ парламент æрдомдта, цæмæй "Остелеком" фæасламдæр кæна тарифтæ æмæ фæбæрзонддæр кæна лæггæдты гъæд. Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, ацы домæны бындур ссисты цæрджыты бирæнымæц хъæстытæ "Остелеком"-ы куысты фæдыл.

Депутаттӕ æрдомдтой "Остелеком"-æй тарифтæ фæкъаддæр кæнын

Парламентаритæ бафæдзæхстой, зæгъгæ, кæд компанийы къухдариуæгад ацы здæхты ницы мадзæлттæ райса, уæд уагъд æрцæудзысты парламентон байхъуысттæ.

Хуссар Иры фæсивæды инициативон къорд æрæмбырд кодта мобилон бастдзинады оператор "Остелеком"-ы зынаргъ интернет æмæ бастдзинады лæггæдты ныхмæ къухфысттæ.

Къухфысттæ æмбырдгæнæн листовкæты уыд æрмæстддæр дыууæ фарсты — лæггæдты гъæд æмæ интернет æмæ бастдзинады лæггæдты æргъты тыххæй, афтæ ма РХИ-мæ мобилон бастдзинады æндæр оператор æрхонын.

Цалдæр къуыримæ сын бантыст æрæмбырд кæнын аст мин æмбæстаджы къухфысстæ, кæцытæ райгонд не сты бастдзинады иунæг операторы лæггæдты гъæдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0