ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстыты бон Хуссар Ирыстоны байгом уыдзӕн 10 ӕвзарӕн фадыджы, фехъусын кодта Sputnik УФ минӕвар РХИ Къарджиаты Эльбрус.
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ указӕй сфидар кодта Думӕмӕ ӕвзӕрстыты бон — 2016 азы 18 сентябрь. Хуссар Иры цӕрджыты фылдӕр хай Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уыдонӕн фадат уыдзӕн ӕвзӕрстыты хайад райсын.
"Раздӕрау, Минӕварад фӕнд кӕны 10 ӕвзарӕн фадыджы бакӕнын. Уыдонӕй фондз уыдзысты Цхинвалы, иу Къуаисайы, ӕмӕ фӕйнӕ иу та алкӕцы райцентры дӕр. Фадгуыты ӕмӕ ӕвзӕрстыты тыххӕй лӕмбынӕг информаци Минӕварад хъусын кӕндзӕн йӕхи сайтыл ӕмӕ массон информацийы фӕрӕзты руаджы", — загъта Къарджиаты Эльбрус.
Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Минӕварад ма 2001 азы декабры дӕр кӕй ауагъта Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ 2012 азы марты та — Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстытӕ. Ацы дыууӕ кампани дӕр, банысан кодта минӕвар, ацыдысты бӕрзонд ӕмвӕзадыл, хайад сӕ райстой республикӕйы цӕрджыты фылдӕр, уымӕн та Мӕскуыйы скодтой стыр аргъ.
Къарджиаты Эльбрус ӕрхуыдта Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгты иууылдӕр, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны, цӕмӕй хуыцаубоны, 18 сентябры ӕрбацӕуой фадгуытӕм ӕмӕ схъӕлӕс кӕной аккаг кандидатӕн, "уымӕй уыдон равдисдзысты сӕ иудзинад Уӕрӕсейы цӕуӕг ахсджиаг политикон процестимӕ".