Дзигойты Маринӕйы дыууӕ царды

© Sputnik / Алексей КовалевДзигойты Маринӕ
Дзигойты Маринӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иуӕй-иу адӕмӕн зын у сӕхи ӕрмӕст иу профессийы арӕны ӕвӕрын. Сӕ гоймагдзинады бирӕвӕрсыгдзинад сын фадат нӕ дӕтты ӕрмӕст иу хъуыддаг аразынӕн.

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Sputnik проект "Дыууӕ цард"-ы радон хъайтар Дзигойты Маринӕ фыссы музыкӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ, кусы хъомылгӕнӕг-методистӕй Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны(СФГ), афтӕ ма йӕ хъӕлӕсӕй дзуры сывӕллӕтты алӕвӕрд "Алоллай"-йы персонажтӕй иу.

Хӕрзчысылӕй фӕстӕмӕ Маринӕйы фӕндыд театры актрисӕ суӕвын, фӕлӕ сӕвзӕргӕ уавӕрты аххосӕй йӕ бӕллиц нӕ сӕххӕст. Скъола каст фӕуыны фӕстӕ уый бацыд ахуырмӕ институтмӕ ирон филологийы факультетмӕ. Бӕллиццаг дипломы хицау куы бацис, уӕд Маринӕ ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ бацыд кусынмӕ Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуанмӕ, цӕмӕй йӕхи снывонд кӕна рӕзгӕ фӕлтӕр хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнынӕн.

Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны куыст

Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны Маринӕ кусы 28 азы. Уый у методист, кусджытӕн ӕххуыс кӕны сывӕллӕттимӕ хъомыладон куыст раст сӕвӕрын. Маринӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, Хуссар Ирыстонӕн кӕй ис рӕсугъд фидӕн курдиатджын рӕзгӕ фӕлтӕры руаджы.

Джыккайты Беллӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джыгкайты Беллӕйы дыууӕ царды

"Мӕ куысты азты мын бантыст бирӕ курдиатджын сывӕллӕттыл фембӕлын. Рӕзгӕ фӕлтӕры мидӕг ис нӕ бӕстӕйы рӕсугъд фидӕн. Сӕйрагдӕр у уыдонӕн раст фӕндаг бацамонын", — дзуры уый.

Хъомыладон архайдӕй дарддӕр ма Дзигойты Маринӕ архайы СФГ-ы цур куклӕты театры, кӕцы дӕргъвӕтин ӕзты мидӕг ӕвдисы спектакльтӕ цхинвайлаг сывӕллӕттӕн.

"Нӕ куклӕты театр сӕйраджыдӕр архайы райдиан кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕн. Спектакльтӕ уагъд цӕуынц сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны, цы ранмӕ ӕрмамбырд вӕййынц бирӕ сывӕллӕттӕ, цӕмӕй феной сӕ уарзон персонажты", — дзуры Маринӕ.

Сывӕллӕтты алӕвӕрды персонажы хъӕлӕсӕй дзурын

Проекты истори ӕмӕ чысыл сӕныкк Дзыгы Дзигойты Маринӕйы хъӕлӕсӕй куыд райдыта дзурын, уый тыххӕй сылгоймаг дзуры худгӕйӕ.

Маринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕтты хъӕлӕс имитаци кӕнын сахуыр йӕ мадӕй, кӕцы йӕ буц дардта хӕрзчысылӕй фӕстӕмӕ. Алӕвӕрд "Аллолай"-ы куклӕ — æрмкъухты истори рацыд фӕсхӕст 2008 азӕй. Августы цауты фӕстӕ Уӕрӕсе ӕрвыста гуманитарон ӕххуыс хуссарирыстойнаг сывӕллӕттӕн. Ӕрӕрвитгӕ хъазӕнты ӕхсӕн уыд æрмкъух куклӕтӕ — ныр зындгонд Гино ӕмӕ Дзыгы. Нырма сӕ пайда кодтой СФГ-ы, уый фӕстӕ Маринӕ ӕмӕ популярон сырдты фӕхуыдтой телеуынынадмӕ.

"Цавӕрдӕр рӕстӕджы сфӕнд кодтам раивын куклӕты. Телекӕсджытӕ нӕ уайдзӕфты бын фӕкодтой — уыдон нӕм фыстой ӕмӕ домдтой уарзон куклӕты фӕстӕма раздахын. Мах сӕххӕст кодтам уыцы домӕн", — дзуры Маринӕ.

Маринӕйӕн йӕхи алӕвӕрд "Аллолай" —ы текӕсджытӕ нӕ уынынц. Уый ӕмӕ йӕ коллегӕ, кӕцыйы хъӕлӕсӕй дзуры Гино, бадынц стъолы бын.

Маринӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй уый тынг зын нӕу, уымӕн ӕмӕ эфиры казустӕ аиуварс кӕнынӕн стъолы бын ис монитор, цы ран зыны сӕйраг ныв.

"Уый фӕрцы мах хуыздӕр ориентир кӕнӕм. Науӕд нын уыдаид тынг зын. Кӕд ӕмӕ алӕвӕрды хайад исынц сывӕллӕттӕ, уӕд иу эпизон бахъӕуы цалдӕр хатт исын", — дзуры уый.

Маринӕ ӕмӕ йӕ коллегӕйы хайадист алӕвӕрды ӕрмӕст персонажтӕн сӕ хъӕлӕс нӕ дӕттынц, фӕлӕ ма кусынц сценарийыл дӕр. Уымӕй дарддӕр ма эфиры рӕстӕджы къухӕй арӕзт дзауматӕ иууылдӕр сты сфӕлдыстадон дуэт "Дзыгы ӕмӕ Гино"-йы къухтӕй арӕзт.

Композитор

Маринӕ райгуырд сфӕлдыстадон бинонты ӕхсӕн. Ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын райдыдта скъолайы хистӕр кълӕсты ахуыры рӕстӕджы. Уый фӕстӕ йӕхи фыст ӕмдзӕвгӕтӕм райдыта фыссын музыкӕ дӕр.

"Нырма фыстон ӕрмӕстдӕр ӕмдзӕвгӕтӕ, сӕйраджыдӕр ирон ӕвзагыл, фӕстӕдӕр сӕм райдыдтон музыкӕ фыссын. Ӕвзӕр нӕ цыдысты", — дзуры курдиатджын сылгоймаг.

Ныртӕккӕ Маринӕ фыссы музыкӕ Галуанты Людӕйы цалдӕр ӕмдзӕвгӕмӕ.

Битеты Вадимы дыууӕ царды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битеты Вадимы дыууӕ царды

"Курдиатджын поэтессӕйы ӕмдзӕвгӕтӕм мӕ сфӕндыд ныффыссын мызыкӕ. Рауад романс. Уый мӕ фыццаг фӕлтӕрддзинад нӕу, рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ фыссын музыкӕ ӕрмӕст мӕхи ӕмдзӕвгӕтыл нӕ, фӕлӕ ма мӕ зӕрдӕмӕ цы ӕмдзӕвгӕтӕ фӕцӕуы, уыдонмӕ", — дзуры Маринӕ.

Романстӕй дарддӕр ма уый фыссы чысыл композицитӕ СФГ-ы цӕуӕг мадзӕлттӕм. Сывӕллӕттӕ зӕрдиагӕй ахуыр кӕнынц ног зарджытӕ ӕмӕ сӕ курдиат равдисынц алыгъуызон мадзӕлттӕ ӕмӕ спектакльты.

Маринӕ уыд проект "Малусӕг"-ы хайадисӕг, кӕцы здӕхт у сывӕллӕтты ӕмӕ скъолаагъоммӕ уагдӕтты хъомылгӕнинӕгты ахуырадмӕ. Программӕйы сконды ис цалдӕр ахуырадон ӕххуысчиныджы ӕмӕ у у ахуырадон хъӕзтытыл бындурӕвӕрд. Проекты фӕлгӕтты мыхуыры рацыд Дзигойты Маринӕйы чиныг "Зарӕг мӕ хӕлар". Дуканинӕм уый нӕ бахауд, тираж адих кодтой скъолаагъоммӕ ӕмӕ скъолайон уагдӕттыл ӕмӕ авторы сфӕлдыстадимӕ базонгӕ сты сабидӕтты хъомылгӕнинӕгтӕ ӕмӕ райдиан скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ.

Цы у ахсджиагдӕр

Маринӕ цы къабӕзты фӕллой кӕны, уыдон иууылдӕр баст сты сывӕллӕттимӕ. Уыдонӕй искӕцы рахицӕн кӕнын Маринӕйы бон нӕу. Уымӕн ӕхцондзинад хӕссы чысыл кӕсӕгӕн ӕвӕрццаг эмоцитӕ лӕвар кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0