Джыгкайты Беллӕйы дыууӕ царды

© Sputnik / Алексей КовалевДжыккайты Беллӕ
Джыккайты Беллӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иуӕй-иу адӕмӕн зын у сӕхи ӕрмӕст иу профессийы арӕны ӕвӕрын. Сӕ гоймагдзинады бирӕвӕрсыгдзинад сын фадат нӕ дӕтты ӕрмӕст иу хъуыддаг аразынӕн.

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Хъотайты Алена. Джыгкайты Беллӕ у Хуссар Ирыстоны зындгонддӕр аргъаугæнæг, уый ӕмрӕстӕджы та Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты хистӕр лаборант. Ныртӕккӕ Беллӕ кӕны активон сфӕлдыстадон архайд, кӕсджыты зӕрдӕтӕ ӕлхӕны алӕмӕттаг ӕмӕ рӕсугъд уацмыстӕй. Уый ссис Sputnik проект "Дыууӕ цард"-ы хъайтар, кӕцы дзуры дыууӕ прпофессийыл хӕст адӕмыл.

Аргъаугæнæг

Фыссын Бӕллӕ райдыдта скъолайы рӕстӕджы, литературӕмӕ уарзты фӕрцы, кӕцы йын бауарзын кодта ахуыргӕнӕг Лидия Алексейы чызг. Дӕсӕм къласы уый ныффыста бирӕ ӕмдзӕвгӕтӕ уарзондзинадыл, фӕлӕ фӕстӕдӕр аскъуыдтӕ кодта йӕ альбомтӕ, уымӕ гӕсгӕ йын сӕ никуы ничи федта.

Пӕррӕстаты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пӕррӕстаты Дмитрийы дыууӕ царды

Скъола каст фӕуыны фӕстӕ Беллӕйӕн уыд фадат ахуырмӕ бацӕуын Горькийы номыл литературон институтмӕ, фӕлӕ хиуӕттӕ нӕ ауагътой сӕ иунӕг чызджы дард Мӕскуымӕ.

Уӕд бацыд ахуырмӕ бынӕттон уӕлдӕр ахуыргӕнӕн уагдонмӕ биологийы факультетмӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ дзырдта сисимӕ. Фӕйнӕрдыгӕй йын дзырдтой: "Чехов дӕр йӕ профессимӕ гӕсгӕ дохтыр уыд, фӕлӕ йӕ ницы хъыгдардта сфӕлдыстадон куыст кӕнын дӕр". Йӕ сӕрибар рӕстӕг Беллӕ иууылдӕр нывонд кодта йӕ фантазитӕ гӕххӕттыл ӕххӕст кӕнынӕн. Фылдӕр фыста аргъӕуттӕ, кӕцыты хъайтартӕ уыдысты алыгъуызон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ.

"Цӕрӕгойты цард ӕмӕ хицӕндзинӕдтӕ хорз куы нӕ зонай, уӕд тынг зын у уыдоныл фыссын, уӕлдайдӕр та сын адӕймаджы миниуджытӕ дӕттын. Фӕлӕ мӕ фыццаг аргъӕуттӕ редакцимӕ куы бахастон, уӕд сӕ банымадтой хорзыл, ӕрмӕст мӕм ӕрбахатыдысты исты мадӕлон ӕвзагыл ныффыссын. Уӕд ныффыстон зӕрдӕмӕхъаргӕ аргъау, цы ран къутӕр цӕттӕ уыд йӕ цард нывондӕр ӕрхӕссын, ӕрмӕст йӕ цуры цы тӕрхъус февзӕрд, уый схъарм уыдаид", — мысы Беллӕ.

Ацы радзырд "Хъӕды аргъау" ӕмӕ цалдӕр ӕндӕр бацыдысты ӕмбырдгонд "Кӕстӕрарӕх"-мӕ.

Уый фӕстӕ, бирӕ ӕзты дӕргъы бинонтӕ ӕмӕ хӕстон змӕстытӕ уыдысты фыццаг планыл. Ӕхсӕвыгӕтты уый йӕ сывӕллӕттӕн кодта аргъӕуттӕ, фӕлӕ Беллӕ ӕнкъардта, йӕ гуылфæг фантазийӕн уый фаг кӕй нӕу. Ӕмӕ сӕ уӕд райдыдта фыссын, цӕмӕй иннӕ сывӕллӕттӕн дӕр уа фадат семӕ зонгӕ кӕнынӕн.

Битеты Вадимы дыууӕ царды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битеты Вадимы дыууӕ царды

Фӕстаг фондз азы Беллӕ кӕны зӕрдӕрард ӕмӕ ӕнтыстджын сфӕлдыстадон архайд. Йӕ уацмыстӕй иутӕ мыхуыр ӕрцыдысты журнал "Фидиуæг"-ы, аннӕтӕ — газет "Хурзæрин"-ы. Уырыссаг ӕвзагыл дӕр ын бирӕ аргъӕуттӕ ис, уыдон мыхуыр ӕрцыдысты журналы "Русское слово в Южной Осетии". Абоны онг Беллӕйӕн мыхуыры рацыд ӕртӕ чиныджы: "Сыгъзӕрин дурын" (ирон ӕвзагыл), " Хетӕджы фидар" (ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл) ӕмӕ "Приключения Эйлины" (уырыссаг ӕвзагыл).

Ацы аз Беллӕ ссис джусойты Нафийы националон литературон премийы лауреат.

Йӕ хъайтарты фӕлгонцтыл кусгӕйӕ, аргъаугӕнӕг хынцы алы лыстӕг хай дӕр: сӕ хуыз, сӕ цӕстӕнгас, сӕ цыд, сӕ хицӕндзинӕдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, йӕм фӕзынд бӕллиц — мультипликацион фильм саразын.

"Хорз уаид, аргъӕутты хъайтартӕ дӕм экранӕй куы ракӕсой. Аргъау алы сывӕллонӕн нӕу йӕ бон бакӕсын, фӕлӕ мультфильммӕ та бакӕсдзӕн чысыл саби дӕр", — дзуры Беллӕ.

Хистӕр лаборант

Профессимӕ гӕсгӕ Беллӕ у хими ӕмӕ биологийы ахуыргӕнӕг. Ӕрыгонӕй скъолайы акуыста ӕртӕ азы, уый фӕстӕ йӕ куыст ныууагъта бинонты уавӕртӕм гӕсгӕ.

Анна Гаглоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Аннӕйы дыууӕ царды

Бирӕ ӕзты фӕстӕ, йӕ сывӕллӕтты схъомыл кӕнын фӕстӕ, уый ногӕй ӕрфӕндыд рӕзгӕ фӕлтӕримӕ кусын, ацы хатт скъоладзаутимӕ нӕ, фӕлӕ студенттимӕ. 2013 азӕй Беллӕ фӕллой кӕны ХИПУ-ы хистӕр лаборантӕй, фыццаг уырыссаг ӕвзаджы кафедрӕйыл, уый фӕстӕ та политологи ӕмӕ социологийы кафедрӕйы.

Йӕ хӕстӕм ӕрмӕст студенттимӕ архайд нӕ хауы, фӕлӕ ма кафедрӕйы фӕдыл хъыгъдлӕвӕрд ӕмӕ техникон цӕттӕдзинады организаци — хъуыддагкæнынад уадзын, протоколтӕ аразын, хъуыддӕгтӕ архивмӕ ӕрвитын ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Хайад ма исы зонадон семинарты, кӕцытӕ кафедрӕ аразы ӕрвылмӕй. Афтӕ ма цӕттӕ кӕны кафедрӕйы ранывæзт, фӕлварӕнты хыгъдæгтӕ ӕмӕ практикӕйы фӕдыл бардзырдтӕ.

Цы у ахсджиагдӕр

Йӕ зӕрдӕ здӕхт у фыссыны хъуыддагмӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕ аргъӕутты уый йӕхи ӕргом кӕны куыд сфӕлдыстадон адӕймаг. Уый ауагъта бирӕ рӕстӕг, ацы къабазы рӕзтӕн — бирӕсывӕллонджын мад ӕмӕ нана бацыд ахуырмӕ ХИПУ-ы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы факультетмӕ ӕмӕ ныртӕккӕ у фӕндзӕм курсы студенткӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0