Куклӕты националон ансамбль сабиты къухтӕй

© Sputnik / Фатима ПлиеваКуклӕты националон ансамбль сабиты къухтӕй
Куклӕты националон ансамбль сабиты къухтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куклӕ-чындзытæ сты разгæмтты, лӕппуты та сфæлыстой уæлдзарм худ, цухъхъа, куырæт, æвзистхуыз рон æмæ хъаматæй. Остъаты Заирӕйы хъомылгӕнджытӕ ныфс дæттынц, тагъд рӕстӕджы кӕй сараздзысты сӕ куыстыты равдыст, уӕдмӕ бацӕттӕ кӕндзысты куклӕты ансамбль националон дарӕсы.

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ахуыргӕнӕг Остъаты Заирӕйы къухдариуæгады бын Цхинвалы скъола-интернаты дæлбар архайы арæхстджын къухты къорд, скъоладзаутæ аразынц куклӕтæ ирон националон дарæсы. Sputnik уацхӕссӕг бабӕрӕг кодта курдиатджын сабиты ӕрмадз ӕмӕ йӕхи цӕстӕй федта, чысыл къухты арӕхстджын сынчытӕй куыд райгуыры цухъхъа, куырӕт, науӕд та разгӕмттӕ куклӕтӕн.

Ӕрмадзы нырма цӕттӕйӕ ис æрмæстдæр фондз куклӕйы разгæмтты æмæ æртæ та — куырæт æмæ басылыхъхъыты. Фӕлӕ сабитӕ архайынц ӕвӕллайгӕйӕ, сӕхи цӕттӕ кӕнынц сӕ фыццаг равдыстмӕ ӕмӕ ныфс дӕттынц, уӕдмӕ кӕй сараздзысты националон кафты куклӕты ансамбль 12 къаййӕ.

"Сывæллæттæ журнӕлттæй бирæ æрмæг исынц, фæлæ ирон националон дарæс сты сæхи фæлгæнæн", — зæгъы Остъаты Заира.

© Sputnik / Фатима ПлиеваОстъаты Заирӕ йӕ хъомылгӕнджыты куыстытимӕ
Остаева Заира - Sputnik Хуссар Ирыстон
Остъаты Заирӕ йӕ хъомылгӕнджыты куыстытимӕ

Куклӕтӕн националон дарӕсӕй дарддӕр ма къорды хайадисджытӕ хуыйынц сӕхицӕн дӕр дарӕс, бийынц салфеткæтæ, аразынц бисерæй бæлæстæ.

"Ӕгӕрыстӕмӕй мӕ чызджытӕй чидӕртӕ сӕхицӕн рауагъдон къабатӕ дӕр бахуыдтой сӕхӕдӕг", — сӕрыстыр у Заирӕ Георгийы чызг йӕ хъомылгӕнджытӕй.

Остъаты Заира скъола-интернаты скъоладзаутимæ кусы 15 азы дæргъы, иу уыййас та Цхинвалы профтехахуыргæнæндоны цæттæ кодта хӕринагаразджыты. Фæлæ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сабитимæ куыстæй исы уæлдай æхцондзинад.

Ӕвзонг скульптор: цыртытӕ хъуамӕ худой сӕ мидбылты

"Мæ сывӕллӕттӕ цы чысылæй, цы еныр, иууылдæр дарынц мæхи хуыд дарæс. Фæлæ сӕ мæ профессионалон фæндаг ничи равзæрста. Иууыл æввахсдæр мæ цотæй мæ дæсниадмæ бацыд мæ фырт. Уый кæны лыстæг æмæ бæстон куыст, цыма бисеримæ архайы афтæ — уый у хирург", — æлхыскъæмхасгæйæ дзуры уый.

Цхинвалы скъола-интернат у цалдæр уагдоны æвджид — æххуыс ын кæнынц Уæрæсейы Ӕфсæнвæндæгтæ, Арæнхъахъхъæнджыты управлени æмæ хицæн амалджын адæймæгтæ. Уыдон сæхæдæг дæр интернатӕй афтид къухæй никуы ацæуынц — чысыл æрмдæсныты къухтæй конд лæвæрттæй сæ хызынтæ вæййынц дзаг.

"Амæй размæ арæнхъахъхъæнджытæн сарæзтам 50 зæрдылдарæн лæвары онг. Уый фæстæ та поэтессæ Чехойты Оляйæн сывæллæттæ бисерӕй сарӕзтой стыр донхæрис бӕлас. Сывæллæттæ æмæ лæварисджытæ дæр фæцин кæныц — иутæ сæ куыстытæ ахæм кадджын бынат кæй бацахсынц, аннæтæ та къухæй конд лæвæрттæ кæй райсынц", — радзырдта ахуыргæнæг.

© Sputnik / Фатима ПлиеваОстъаты Заирӕйы хъомылгӕнинӕгты куыстытӕ
Остаева Заира - Sputnik Хуссар Ирыстон
Остъаты Заирӕйы хъомылгӕнинӕгты куыстытӕ

Скъола-интернаты ахуырдзаутæн ацы кружок у иууыл уарзондæр, ам уыдон цайдагъ кæнынц цардуагон дæсниæдтыл, ахуыр кæнынц бийын, хуыйын, хъазæнтæ æмæ мигæнæнтæ аразын. Уӕлдай тынгдӕр коллектив фӕцин кӕны, сæ размæцыды чи къуыхцы кæны, ахæм сывæллæтты ӕнтыстытыл.

"Сывæллæттæн урокты рæстæг куы рцæуа, уæд ам стъолты бын бамбæхсныц, афтæ уарзынц ам кусын. Диссаг уый у, æмæ йæ размæцыды къуыхцыдзинӕдтӕ кӕмӕн ис, ӕгӕрыстӕмӕй нымайын цы сывæллæттæн нӕу сӕ бон сахуыр кӕнын, уыдонӕн ацы куыстытӕ уайынц иттӕг хорз", — банысан кодта къорды къухдариуӕггӕнӕг.

Остъаты Заирӕйы къорд у бирæнымæц конкурсты æмæ равдыстыты грамотӕтæ æмæ дипломты хицау. Ахуырдзаутæн кусӕн æрмæг самал кæнынц скъолайы къухдариуæгад æмæ хицæн адæймӕгтӕ. Сабитæ сæхи къухтæй аразынц лæвæрттæ сӕ ныййарджытæн æмæ ʻввахс адæмӕн, интернаты рауагъдонтæй бирæтæ та ссисты профессионалон хуыйджытæ æмæ æнгæс къордты къухдариуæггæнджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0