ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны националон дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ сабаты нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон.
Ирыстоны цыппæрæм хицауад сæ бæрæгбон сбастой фыццаг ирон газеты рацыдимæ. Мадæлон æвзагыл фыццаг газет "Ирон газет" рацыд 1906 азы 23 июлы 500 экземплярæй. Кæд ацы мыхуыры фæрæз адæмы хсæн популярон уыд, уæддæр хицауад йæ куыстæй райгонд нæ уыд æмæ цыбыр æмгъуыдмæ æрцыд æхгæд.
"Ирон газеты" рацыд нымад æрцыд ирон мыхуырады фæзындыл. 1996 азæй фæстæмæ та 23 июлы республикæйы нысан кæнынц националон дзыллон информацийы фæрæзты бон.
Абон Хуссар Иры информацион тыгъдады архайынц паддзахадон телекомпани "Ир", радио Ир FM, прериодикон мыхуыры фæрæзтæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл — "Хурзæрин" æмæ "Южная Осетия", фæсивæдон газет "Республика", информацион агентадтæ "Рес" æмæ "Южная Осетия сегодня". Уымæй дарддæр ма Хуссар Иры уæвынад кæнынц политикон партиты мыхуыры фæрæзтæ, уæрæсейаг дзыллон информацийы фæрæзы филиал Sputnik, информацион сайт "Осинформ", стæй ма мыхуыр æмæ информацийы комитеты разыдзинадæй республикæйы кусынц уæрæсейаг газеттæ æмæ агентадты сæрамгонд уацхæсджытæ.
"Ирон газеты" фæстæ иугай-дыгай цæуын райдыдтой æндæр газеттæ дæр мадæлон æвзагыл. 1907 азы 8 марты рацыд дыккаг ирон газет "Ног цард", йæ рауадзынмæ сæ хайбавæрд бахастой Хуссар Иры интеллигенцийы раззагон минæвæрттæ Тыбылты Алыксандр, Коцты Бидзина, Тедеты Петр æмæ æндæртæ. Революцийы агъоммæ ма рухсмæ фæзынд ахæм мыхуыры фæрæзтæ — газет "Хабар" (1909 а.) æмæ журнæлттæ "Зонд" (1907 а.), "Æфсир" (1910 а.), "Хуры тын" (1912 а.) æмæ "Чырыстон цард" (1912 а.)
1932 азы 11 апрелы та Хуссар Иры фыццаг хатт айзӕлд радио. Уӕдӕй фӕстӕмӕ радиойы куысты ‘рцыд стыр ивындзинӕдтӕ. Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм азты уӕззау хӕстон уавӕрты паддзахадон радиойы куыст бынтондӕр ныммыр ис. Уыцы рӕстӕджыты фӕзындысты ног хӕдбар радиотӕ "Айзӕлд" ӕмӕ "Нӕу улӕн", фӕлӕ уыдоны "цард" дӕр бирӕ нӕ ахаста.
Ивгъуыд æнусы кæрон Хуссар Иры фæзынд телеуынынад дæр. Уый фæстæ та интернеты фæзындимæ иумæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзтæм æрбамбал сты агентадтæ.