Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтад: цы бантыст саразын ӕмӕ цы арӕзт цӕуы

© Sputnik / Олег РепуховЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2016 азӕн инвестпрограммӕ рагхыгъд кӕны горӕты 11 уынджы хӕрзарӕзтад. Уыдонӕй авдыл куыстытӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц.

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Горӕты уынгтӕй ӕртӕ, кӕцытӕ хаст сты 2016 азы инвестпрограммӕмӕ, цӕттӕ сты эксплуатацимӕ, фехъусын кодта къуырисӕры, РХИ арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министры хӕдивӕг Гаглойты Сергей.

"Горӕты уынгтӕ хӕрзарӕзт цӕуынц графикмӕ гӕсгӕ, ӕнӕкъуылымпыйӕ. Ӕдӕппӕт ацы азмӕ сты 11, уыдонӕй ныридӕгӕн ӕртӕ сты цӕттӕ, цыппар уынджы уыдзысты цӕттӕ фӕззӕджы фыццаг ӕмбисы, иннӕ цыппар та — азы кӕронмӕ", — ныфс бавӕрдта Гаглойты Сергей.

Остъайы фырты уынг

Уынджы хӕрзарӕзтадмӕ ӕрӕвнӕлдтой 2016 азы апрелы.

"Ныридӕгӕн Остъайы фырты уынгыл уагъд цӕуынц кӕронбӕттӕн куыстытӕ асфальты дыккаг цъар сӕвӕрыны фӕдыл", — загъта Сергей.

Хетӕгкаты Къостыйы уынг

© Sputnik / Алексей КовалевАрӕзтадон куыстытӕ
Цхинвал, улица Гаглоева, строительные работы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕзтадон куыстытӕ

Хетӕгкаты Къостыйы уынджы иу хайыл ӕвӕрд ӕрцыд асфальт, фӕндаг арӕзт ӕрцыд Сталины уынгӕй Тугъанты Махарбеджы уынджы онг. Дыккаг хай — Тугъаны фырты уынгӕй Ирӕтты уынджы онг асфальтӕй ӕмбӕрзынмӕ бацӕттӕ кӕндзысты ӕввахс рӕстӕджы.

Цхинвалы уынг

Ныртӕккӕ Цхинвалы уынгыл цъайтӕ хӕссынц проекты куыд нысан ӕрцыдысты, уыцы бынӕттӕм, уый фӕстӕ кусджытӕ райдайдзысты ӕвӕрын асфальты дыккаг цъар.

Гаглойты Владимиры, Кобылы фырты, Горькийы ӕмӕ Интернационалон уынгтӕ.

Лев Кузнецов басгӕрста объекттӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лев Кузнецов басгӕрста объекттӕ Цхинвалы – кӕм ӕппӕлгӕ, кӕм та ӕфхӕргӕ

Ацы уынгтыл цӕуы цырын куыст.

"Куыстыты ӕмбис ныридӕгӕн ӕрцыд ӕххӕст, арӕзтадон бригадӕты гъӕдджын куысты фӕрцы",- загъта министры хӕдивӕг.

Тугъанты Махарбеджы уынг

Цалдӕр боны мидӕг ацы уынгыл ӕвӕрд ӕрцӕудзысты газы трубӕтӕ. Ныртӕккӕ аразджытӕ иу кӕнынц газы хызӕгты абонентты.

Дзаттиайы фырты уынг

Дзаттиайы фырты уынджы цӕрджыты донвӕдмӕ куы баиу кӕной, уӕд кусджытӕ ӕвӕстиатӕй ӕрӕвналдзысты уынджы хӕрзарӕзтадмӕ.

Фӕскомцӕдисон уынг

Александр Хлопонин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хлопонин: Хуссар Ирыстоны 2017 азы арæзт фæуыдзысты 15 егъау проекты

Кабелон хызӕг айгӕрдыны фӕдыл куыстытӕ райдайдзысты ӕввахс бонты, ныр та уал кусджытӕ ӕххӕст кӕнынц донвӕды фӕдыл ӕлхынцъон куыстытӕ.

Сталины уынг

Сталины уынджы хӕрзарӕзтадмӕ ПУК "Дорэкспострой"-ы кусджытӕ 2016 азы ноябрӕй раздӕр нӕ ӕрӕвналдзысты.
Гаглойты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уынджы хӕрзарӕзтад къуылымпы кӕнынц театралон фӕзуатыл арӕзтадон куыстытӕ, цыран ӕрӕвнӕлдтой фонтаны арӕзтадмӕ.

2016 азы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты 11 уынджы хӕрзарӕзтадыл бахардз уыдзӕн 260 милуан сомы, 240 милуан сомы та бахардз ӕрцӕудзӕн арӕзтадон монтажыл, кӕцымӕ хауынц газы, донвӕды ӕмӕ кабелон хызӕджы айгӕрст.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0