ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны Сырх чиныг мыхуырмӕ цӕттӕ уыдзӕн ацы азы кӕрон. Хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг ахуыргӕндтӕ 2011 азӕй фӕстӕмӕ архайынц алы бахъахъхъӕнинаг цӕрӕгой ӕмӕ зайӕгойы дӕр чиныгмӕ бахӕссын. Иууыл стӕм цӕрӕгойтӕ, бӕлӕстӕ ӕмӕ уырынгонтыл Sputnik интервьюйы радзырдта паддзахадон тобӕгонды директоры хӕдивӕг, дендролог Къӕбулты Зауыр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны иууыл стӕмдӕр цӕрӕгойтӕ ссисты кавказаг уӕздан саг, сычъи ӕмӕ тӕрхъус.
Стӕм цӕрӕгойтӕ
"Уӕздан саг уӕвы Чысыл Леуахийы комы ӕмӕ ныххӕццӕ Ленингоры районмӕ. Гуырдзиаг-ирон конфликты агъоммӕ сӕгты нымӕц махмӕ уыд 125-мӕ ӕввахс. Уый фӕстӕ тобӕгонд уыд Гуырдзыстоны къухты, йӕ хъуысмӕт никӕмӕн уыд ахсджиаг, уымӕ гӕсгӕ ма нӕм аззад иугай сӕгтӕ. Абоны онг цадӕггай сӕ нымӕц схызт 60-мӕ. Фӕлӕ уый дӕр цъус у", — дзуры ахуыргонд.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕрӕгойты ахӕм парахатгонд хуыз, куыд тӕрхъус дӕр ссис стӕм цӕрӕгой нӕ фаунӕйӕн. Къӕбулты Зауыр банысан кодта, раздӕр Хуссар Ирыстоны территорийыл парахатгонд сычъийы мыггаг ӕгъатырӕй ӕнӕхъӕн аз кӕй куынӕг кӕнынц цуанонтӕ.
"Сычъи уӕвы тобӕгонд бынӕтты ӕмӕ Дзауы районы территорийыл. Уыдон раздӕр рӕгъӕуттӕй цыдысты уӕлхохы, абон та дзы баззад ӕрмӕст дӕсгӕйттӕ",- загъта дендролог.
Уый бафиппайдта, уыдон нымайын кӕй хауы хъӕдгӕстӕм.
"Ӕрдзхъахъхъӕнынадон къабазы бирӕ кусджытӕ ис. Цӕрӕгойты нымайынц хъӕдгӕстӕ, науӕд та мах аразӕм афӕлгӕст тобӕгондӕн йӕхимидӕг",- загъта ахуыргонд.
Дзырдтаг фарст, ахуыргонды хъуыдымӕ гӕсгӕ у, Сырх чиныгмӕ цӕрӕгойты ахӕм ӕрбайсӕфӕг хуызы, куыд морæ арсы, бахаст. Морӕ ӕрсыты нымӕц кӕй фӕкъаддӕр, уыцы хъуыдыимӕ разы не сты цуанонтӕ.
Стӕм зайӕгойтӕ
Зайӕгойтӕй Хуссар Ирыстоны иууыл стӕмдӕр ссис, дедрологты ныхӕстӕм гӕсгӕ, гагадыргъ заз. Иу ахӕм бӕлас, кӕцыйыл дендрологы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕуы 1780 азы, зайы Дзауы районы Жриайы хъӕуы.
"Ацы рагон бӕласы къам ис Санкт-Петербурджы этнографион музейы. Хъыгагӕн, ахӕм бӕлӕстӕ махмӕ баззад тынг цъус",- загъта ахуыргонд.
Ахуыргӕндты хъусдард ма здӕхт ӕрцыд арсы ӕхсӕры фесӕфтмӕ. Ацы бӕласы бӕрзӕнд вӕййы 30 метры бӕрц. Хъӕдӕрмӕджы ацы зынаргъ ӕмӕ стӕм хуыз зайы дурджын хӕххон къуылдымтыл.
"Стӕм зайӕгойты нымӕцмӕ бахаудта понтийаг фугӕ, ӕппынӕдзух цъӕх къутӕр. Ныридӕгӕн уымӕн фенӕн ис горӕты центры — ныссагътой йӕ Хетӕгкаты Къостайы аллейы театралон фӕзуаты цур", — загъта Къӕбулты Зауыр.
Стӕм сасчъытӕ
Тобӕгонды кусӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы раиртасын сасчъыты, суанг хуымӕтӕг бындзыты онг, ӕрбайсӕфты аххосӕгтӕ.
"Дӕсгай азты размӕ дӕр ма сӕрдыгон рӕстӕг бындзытӕй бамбӕхсӕн дӕр никуы уыд. Алы хӕдзары дӕр уыд бындзыты ныхмӕ фӕрӕзтӕ, ӕмӕ уӕддӕр уыдон ницы ӕххуыс уыдысты бындзыты нымӕцы ныхмӕ", — дзуры дендролог.
Уыцы факты фӕдыл, фыццаг бакастӕй, хъӕуы цин кӕнын, фӕлӕ ахуыргонд куыд зӕгъы, афтӕмӕй бындзыты нымӕцы фӕкъаддӕримӕ, фӕкъаддӕр горӕттаг зӕрватыччыты нымӕц дӕр.
Куыд сасчъыты фесӕфаг хуыз, афтӕ Сырх чиныгмӕ хаст ӕрцӕудзысты хъӕндил-саг ӕмӕ скорпион Кавказаг. Дендрологы ныхӕстӕм гӕсгӕ, скорпионыл ис фембӕлӕн Згъудеры уӕлмӕрды территорийыл.
Хуссар Ирыстоны зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты Сырх чиныгӕн ӕрмӕг ӕмбырд кӕнын хуссарирыстойнаг ахуыргӕндтӕн баххуыс кодтой сӕ коллегӕтӕ Сочийы националон паркӕй ӕмӕ цӕгатирыстойнаг биологтӕ.
"Чиныгыл куыста Цӕгат Ирыстоны раззагон ахуыргонд, орнитолог Юрий Комаров. Уый ӕмбырд кодта информаци цӕрӕгойты дунейы тыххӕй. Хъӕддаг гагадыргъ бӕлӕсты, гагадыргъ зайӕгойты, сасчъыты тематикӕйыл куыста мӕ фырт — энтомолог Къӕбулты Алан. Бирӕ информаци ӕрӕмбырд кодта микробиолог Кокойты Таймураз ӕмӕ ЦИПУ-ы биологон зонӕдты кандидат Игорь Николаев. Ӕз та дӕн кӕрдӕгджын зайӕгойтӕ ӕмӕ хъӕдӕрмӕджы фӕдыл бӕрнон", — радзырдта кусӕгон коллективы тыххӕй ахуыргонд.
Сырх чиныджы фӕдыл куысты егъау хайыл ныридӕгӕн ӕрцыд бакуыст. Кӕд финансты фӕрӕзтимӕ ницы къуылымпытӕ уа, уӕд мыхуыры рацӕудзӕн 2017 азы.