Хуссар Иры ӕмбуар хӕсты командӕ йӕ спортивон цӕттӕдзинад сфидар кӕндзӕн Дагъыстаны

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæӕмбуар хӕст
ӕмбуар хӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фараст спортсмены скондӕй командӕ дыууӕ къуырийы дӕргъы уыдзӕн сборты спортивон-хосгӕнӕн лагерь "Данко"-йы.

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Хуссар Иры ӕмбуар хӕсты командӕ дыууӕ къуырийы дӕргъы рацӕудзӕн цӕттӕгӕнӕн сбортӕ Дагъыстаны, фехъусын кодта Sputnik командӕйы уӕнг Зæгъойты Гамлет.

Ӕрӕджы командӕйы спортсментӕй дыууӕ ссисты Европæйы чемпионаты призертӕ ӕмбуар хӕст панкратионӕй. Зæгъойты Гамлет ветеранты ӕхсæн бацахста дыккаг бынат, Хъæцмæзты Алан та ссис бронзæйон призер фæсивæды ӕхсæн.

Спортсментæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг Зæгъойты Гамлет Европæйы чемпионаты фӕхӕрд ӕрмӕстдӕр венгриаг ясӕн

"Дыууӕ къуырийы дӕргъы спортивон-хосгӕнӕн лагерь "Данко"-йы хуссарирыстойнаг спортсментӕ цӕттӕ кӕндзысты сӕхи. Командӕйы скоды сты Хъахъхъӕнынаыд ӕмӕ Мидхъуддӕгты министрадты куысджытӕ дӕр. Сбортӕ фӕахъаз уыдзысты сӕ дарддӕры спортивон архайдӕн", — загъта спортсмен.

Хуссар Иры ӕмбуар хӕсты командӕ цӕттӕгӕнӕн ахуыртӕ спортивон-хосгӕнӕн лагерь "Данко"-йы рацӕудзӕн паддзахады сӕргълӕууӕг ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады финасон ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0