Цхинвалы цады найджыты ӕдасдзинад хъахъхъӕндзысты ирвӕзынгӕнджытӕ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы цад
Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирвӕзынгӕнджытӕ рацыдысты дыууӕкъуырион цӕттӕгӕнӕн курс Хуссар Ирыстоны УУМ-ы ӕмӕ цӕттӕ сты сӕ куыстмӕ ӕрӕвналын, банысан кодтой Цхинвалы мэрияйы.

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Цыппар ирвӕзынгӕнӕджы, кӕцыты бацӕттӕ кодтой Хуссар Ирыстоны УУМ-ы кусджытӕ, райдайдзысты хӕссын радгӕсад горӕты цады, уыдон ӕрвылбон хъахъхъӕндзысты улӕфджыты ӕдасдзинад.

Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Горæты цад цæттæ кæнынц найæн сезонмæ

Найӕн сезон Цхинвалы райдайы уалдзӕджы кӕрон, фӕлӕ ацы аз уый фӕфӕстӕдӕр ӕввахс уынгтӕ кӕй цалцӕг кодтой ӕмӕ дзы дӕлзӕх коммуникацитӕ кӕй ивтой, уый аххосӕй. Уый фӕстӕ горӕты службӕтӕ ныссыгъдӕг кодтой канал, кӕцыйыл дон цӕуы цадмӕ ӕмӕ схӕрзарӕзт кодтой донуаты алыварс территори.

"Мэрия арвыста цыппар адӕймаджы республикӕйы УУМ-ӕ, цыран специалисттӕ бацӕттӕ кодтой лӕппуты. Инструктаж уагъд цыд дыууӕ къуырийы дӕргъы, фӕлӕ кӕд УУМ уый фагыл нӕ банымадтаид, уӕд ахуыр адарддӕр уыдаид. Ныр нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ ӕрӕвналдзысты сӕ куыстмӕ", — загъта Sputnik мэр Ӕлборты Алан.

Горӕты цады ӕрвылбон сӕхи найынц дӕсгай адӕймӕгтӕ, уыдон нымӕцы сывӕллӕттӕ дӕр, уымӕ гӕсгӕ цӕрджытӕ ирвӕзынгӕнӕн службӕйы сырӕзты фарст нымайынц ахсджиагыл.

"Ӕрвылбон ам тезгъо кӕнынц бирӕ сывӕллӕттӕ. Нымайын, сӕ хъус сӕм кӕй хъуамӕ дарой ирвӕзынгӕнджытӕ. Ӕнамонд цаутӕ, Хуыцауы фӕрцы, ам арӕх не сты. Ӕрӕджы ам фӕхуыдуг нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ цалдӕр сахатмӕ нӕ бантыст ссарын. Чи зоны, ам ирвӕзынгӕнджытӕ куы уыдаид, уӕд фервӕзтаид", — дзуры горӕты цӕрӕг Цхуырбаты Аллӕ.

УУМ-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тадтаты Алан загъта Sputnik, ирвӕзынгӕнджытӕ ныридӕгӕн кӕй рацыдысты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг курсытӕ, лӕвӕрд сын ӕрцыд ӕмбӕлон бӕрӕггӕххӕттытӕ. Ахуыр сӕ кодтой профессионалон ирвӕзынгӕнӕг — дæлдондзогтӕ, кӕцытӕ лӕмбынӕг инструкцитӕ радтой ӕрыгон лӕппуттӕн.

"Уымӕй дарддӕр ма, уыдонмӕ басгӕрстой ирвӕзын кӕнӕнӕн фыццаг фӕрӕзты уӕвынад. Фыццаджы та уыдон сты — ирвӕзынгӕнӕн зиллакк, жилет, бæлæгъ ӕмӕ ленкгæнæг арӕнӕвӕрдтӕ",- банысан кодта уый.

Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цад цӕттӕ кӕнынц найыны афонмӕ

Тадтаты Алан ма ныфс бавӕрдта, УУМ-ы специалисттӕ дарддӕр дӕр сӕ хъус кӕй дардзысты ирвӕзынгӕнджыты куыстмӕ цады ӕмӕ сын бахъуыды рӕстӕджы ӕххуыс кӕндзысты. Ленкгæнæг арӕнӕвӕрдтӕ ныридӕгӕн ӕвӕрд ӕрцыдысты цады.

Горæты цад у цæрджыты уарзон бынат. Раздæр-иу сæрдыгон рæстæг ам уагъд цыдысты ерыстæ ленк кæнынæй. Фæстæдæр цад дæр æмæ йæ алыварс территори дæр лæвæрд ӕрцыд арендæйы, фæлæ уыдон рохуаты ныууагътой донуат. Фарон Цхинвалы хицауад йæхæдæг æрæвнæлдта горæты цады хæрзарæзтмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0