Президент снысан кодта Хуссар Ирыстоны ЦӔК-ы уӕнгты

© Sputnik / Ада БагианХицауады агъуыст
Хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент цы ЦӔК-ы уӕнгты снысан кодта, уыдон авд дӕр куыстой Централон ӕвзарӕн къамисы раздӕры скондты.

ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид снысан кодта Централон ӕвзарӕн къамисы уӕнгты йӕ квотӕйы фӕлгӕтты. Ӕмбӕлон указ ӕвӕрд ис Хуссар Ирыстоны президенты сайтыл.

Номхыгъдмӕ хаст сты Авлохты Кристинӕ, Багаты Магомед, Бестауты Тамаз, Уалыты Рауль, Карсанты Хъазбег, Туаты Михаил ӕмӕ Цхуырбаты Маринӕ.

Плиты Беллӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Беллӕйы сфидар кодтой ЦӔК-ы сӕргълӕууӕгӕй ноджы фондзазон ӕмгъуыдмӕ

Уыдон иууылдӕр куыстой ЦӔК-ы раздӕры скондты.

Закондӕттӕн орган та Централон ӕвзарӕн къамисмӕ ӕрбавдыста Гӕджиты Эмилияйы, Лалыты Залинӕйы, Остъаты Ханджеры, Туаты Артуры, Гаглойты Таирайы, Джиоты Агуындӕйы ӕмӕ Цхуырбаты Сосланы. ЦӔК-ы уӕнгтӕн сӕ фылдӕрӕн нӕй фӕлтӕрддзинад Центрӕххӕсткомы куысты.

ЦӔК-ы сӕргъ цыппӕрӕм хатт слӕудзӕн Плиты Беллӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0