Цхинвалы фӕзынд ног базар

© Sputnik / Фатима ПлитыКолхозон базар Цхинвалы
Колхозон базар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздӕры сӕндуцӕн заводы территорийыл балхӕнӕн ис ӕрбаласгӕ ӕмӕ бынӕттон дыргъ, халсар, урсаг ӕмӕ фыдызгъӕл асламдӕр ӕргътыл.

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Цхинвалы раздӕры сӕндуцӕн заводы бынаты арӕзт ӕрцыд хъӕууонхӕдзарадон продукцийы базар. Ног уӕйгӕнӕн пункт кусы нырма ӕрмӕстдӕр дыууӕ къуырийы бӕрц ӕмӕ йӕ адӕм уый бӕрц нӕ зонынц.

Хъæууонхæдзарадон базар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног базар Цхинвалы арæзт æрцæудзæн 2016 азы

Цхинвалы дыккаг колхозон базары бынаты ныридӕгӕн цӕуынц арӕзтадон куыстытӕ, дыккӕгӕм скъолайы ныхмӕ аннӕ базар та бацахстой дуканитӕ. Нырмӕ амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ хъӕуты цӕрджытӕн нӕ уыд сӕ продукци уӕй кӕныны бынат. Ног базар кусы дыууӕ къуырийы бӕрц, фӕлӕ дзы ӕппӕт уавӕртӕ нырма арӕзт не‘рцыд.

"Горӕты хицӕуттӕ сӕхимӕ райстой базары уавӕртӕ саразыны бӕрн. Базар кусдзӕн рӕстӕгмӕ, цалынмӕ Харебаты Исахъхъы уынгыл уӕвӕг дыккӕгӕм колхозон базары арӕзтадон куыстытӕ фӕуой, уӕдмӕ", — загъта горӕты администрацийы пресс-секретарь Коцты Зарина.

Уый ма банысан кодта, ӕрбалӕугӕ аз стыр базармӕ кӕй сараздзысты фӕндаг ӕмӕ уый дӕр зынгӕ фӕхуыздӕр кӕндзӕн базарады фадӕттӕ.

Горӕты цӕрӕг Тегкаты Олеся ӕрӕджы ӕнӕнхъӕлӕджы бацыд ног базармӕ ӕмӕ райгондӕй баззад халсары ӕргътӕй.

"Ног базары цыфӕнды дыргъ ӕмӕ халсар ссарӕн дӕр ис. Стӕй зынгӕ къаддӕр сты сӕ ӕргътӕ дӕр. Ам балхӕнӕн ис куыд ӕрбаласгӕ продукци, афтӕ бынӕттон дыргъ ӕмӕ халсар", — загъта уый.

Раздӕры сӕндуцӕн заводы территорийыл уӕй цӕуынц ӕрбаласгӕ ӕмӕ бынӕттон дыргъ, халсар, урсаг ӕмӕ фыдызгъӕл асламдӕр ӕргътыл. Амалиуӕггӕнджытӕ сӕхӕдӕг дӕр ног бынатӕй сты райгонд.

Цы фӕкӕнӕм нӕ дыргъ ӕмӕ нӕ халсар?

"Нырмӕ лӕууыдыстӕм къуындӕг уавӕрты дыккӕгӕм скъолайы ныхмӕ. Уымӕ гӕсгӕ, сразы стӕм нӕ бынат раивыныл. Хъыгагӕн, адӕм ног базары бынат нӕ зонынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕ ӕлхӕнджытӕ нӕ цӕуы ардӕм ", — радзырдта амалиуӕггӕнджытӕй сӕ иу Тадтаты Иван.

Ныры онг Цхинвалы уыдис ӕртӕ базары — Джиоты Аланы проспектыл, Харебаты Исахъхъы æмæ Гуыбаты æфсымæрты уынгтыл. Фыццаг къаннæг базары бынаты сарӕзтой ног бæстыхæйттæ, цыран уӕй кӕнынц къанцыларон æмæ хæдзарадон продукци. Дыккагы ныридӕгӕн цӕуынц арӕзтадон куыстытӕ. Гуыбаты æфсымæрты уынгыл активон базарад фӕцæуы хуыцаубонты. Ног нымадмӕ гӕсгӕ, цыппӕрӕм базар у ныридӕгӕн иууыл уӕрӕхдӕр базарадон бынат.

Ног хабӕртты лентӕ
0