Цхинвалы ӕргъӕвтой хицауады къабазты ӕмгуыстады фӕдыл тымбыл фынг

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уынаффӕтӕ не′рцыдысты уагъд, парти "Иугонд Ирыстон"-ы минӕвӕрттӕ кӕй нӕ ӕрбацыдысты, зӕгъгӕ, мадзалмӕ фӕхуынд райстой ӕрмӕстдӕр1,5 сахат раздӕр.

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстон ӕмӕ парламенты дарддӕры ӕмгуыстады фӕдыл тымбыл фынг, кӕцы хъуамӕ уагъд ӕрцыдаид къуырисӕры, хаст ӕрцыд цыппӕрӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уынаффӕтӕм не ′рбацыдысты парти "Иугонд Ирыстон"-ы минӕвӕрттӕ.

Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны парламент скодта ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ аргъ 2015 азы хицауады бакӕнгӕ куыстӕн. Ацы вердиктимӕ йӕ ӕнӕразыдзинад равдыста хицауады сӕрдар. Йӕ фарс рахӕцыдысты цыппар парламентон партийӕ ӕртӕ.

Николай Силаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эксперт: Хуссар Ирыстоны министрты кабинет хъуамӕ уа дард политикон ныхмӕлӕудӕй

Тымбыл фынгмӕ ӕрбамбырд сты депутаттӕ партитӕ "Адӕмы иудзинад", "Адӕмон парти" ӕмӕ "Ныхас"-ӕй, афтӕ ма ӕххӕстгӕнӕн хицауады минӕвӕрттӕ ӕмӕ парламенты экс-спикер Коцты Станислав.

Парти "Иугонд Ирыстон"-ы минӕвӕрттӕм ӕнӕхъуаджы фенхъӕлмӕ кӕсыны фӕстӕ, уыдон аскъуыддзаг кодтой, мадзал ӕндӕр бонмӕ ахӕссын, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ "Иугонд Ирыстон"-ы минӕвӕрттӕй, уынаффӕтӕн уыдаид иуварсон нысаниуӕг.

Парти "Иугонд Ирыстон"-ы Sputnik фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, партийы минӕвар мадзалмӕ фӕхуынд райста ӕрмӕстдӕр1,5 сахат раздӕр.

"Парламент ныридӕгӕн ис каникулты. Депутаттӕн ис бар горӕтӕй, республикӕйӕ ацӕуын. Уымӕ гӕсгӕ фӕхонын хъуыд развӕлгъау, мадзалӕй 1,5 сахат раздӕр нӕ фӕлӕ", — загътой партийы офисы.

Ног хабӕртты лентӕ
0