Эксперт: Хуссар Ирыстоны министрты кабинет хъуамӕ уа дард политикон ныхмӕлӕудӕй

© Sputnik / Александр НатрускинНиколай Силаев
Николай Силаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрмӕстдӕр парламент ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕн органы конструктивон куыст акӕндзӕн Хуссар Ирыстоны размӕцыды фӕндагыл, нымайы эксперт Николай. Силаев.

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕззау ӕмӕ конкурентон президентон ӕвзарӕн кампани ӕмӕ республикӕйы хицауад йӕхи хъуамӕ аиуварс кӕна политикон ныхмӕлӕудӕй, цӕмӕй паддзахадон структурӕтӕ кусой ӕнӕ къуылымпыйӕ, загъта МГИМО-йы Кавказы проблемӕты ӕмӕ регионалон ӕдасдзинады Центры хистӕр зонадон кусӕг Николай Силаев.

Хицауады сӕрдар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Премьер-министр: разы нӕ дӕн парламент хицауады куыстӕн цы аргъ скодта, уыимӕ

Хуссар Ирыстоны парламент ӕппӕрццаг аргъ скодта 2015 азӕн министрты кабинеты куыстӕн, кӕцы ӕрцыд Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг хатт. Уыимӕ иумӕ, парламентон политикон партитӕ "Адӕмы иудзинад", "Адӕмон парти", "Ныхас", равдыстой сӕ ӕнӕразыдзинад парламенты саразгӕ хыгъды "стилимӕ". Парламентариты хъуыдымӕ гӕсгӕ, хицауады куыстӕн ахӕм ӕппӕрццаг аргъ саразыны размӕ уал, хыгъдлӕвӕрдыл хъуыд ӕруынаффӕ кӕнын парламенты "профилон комитетты рабадтыл".

"Хицауад хъуамӕ уа дард политикон ныхмӕлӕудӕй, цӕмӕй паддзахадон структурӕтӕ кусой ӕнӕ къуылымпыйӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕджы. Хуссар Ирыстоны хицауад, фыццаджыдӕр, кусы инвестицион программӕйы реализацийыл. Кӕд ам ис стыр хайбавӕрд Уӕрӕсейы ӕрдыгӕй, уӕддӕр нӕ хъӕуы ныллӕг кӕнын хуссарирыстойнаг фарсы раз цы хӕслӕвӕрдтӕ лӕууы, уыдон нысаниуӕг. Республикӕйы райрӕзты программӕйы ис йӕхи этаптӕ ӕмӕ Уӕрӕсеимӕ иумӕйаг программӕйыл куыстӕй дарддӕр, хицауад ӕрӕвнӕлдта инвесторты ӕрбангом кӕнынмӕ, ахсджиаг экономикон рацарӕзттыл бакусынмӕ", — банысан кодта эксперт.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид ӕмӕ Владислав Сурков ӕруынаффӕ кодтой экономикӕйы къабазы ӕмгуыстадыл

Зӕрдыл лӕууын кӕнӕм, 2016 азы 26 июлы УФ президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурков кӕй ауагъта телефонон ныхас Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид ӕмӕ хицауады сӕрдар Хъуылымбегты Доментиимӕ. Политикон конъюктурӕйы центры директор Алексей Чеснаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "ныхасы рӕстӕджы дзырд цыд экономикӕйы къабазы иумӕйаг куысты фарстытыл".

"Банысан ӕрцыд, уӕрӕсейаг фарс иумӕйагӕй райгонд кӕй у ӕмгуыстады гъӕдӕй. Ӕвӕрццаг аргъ раттӕуыд хицауады куыстӕн инвестпрограммӕйы реализацийы фӕдыл, хисӕрмагонд бизнесы размӕцыдӕн, фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы хӕрзарӕзтадӕн", — банысан кодта эксперт.

Хицауады фӕрцы, Хъуылымбегты Доментийы сӕргълӕудӕй, уӕрӕсейаг финансон ӕххуыс хардз цӕуы ног эффективон схемӕмӕ гӕсгӕ. Ӕрнывыл ӕрцыд паддзахадон финанстӕй ифтонг кӕныны системӕ Хуссар Ирыстоны, уый ӕмрӕстӕджы УФ Нымайӕн палатӕ не ссардта 2014 ӕмӕ2015 азты бюджетон фӕрӕзты ӕнӕнысанон хӕрдзты фӕдыл иу факт дӕр. Дыууӕ азмӕ Цхинвал бӕрӕг фӕивта: хӕрзарӕзт ӕрцыдысты уынгтӕ, фыццаг хатт фӕзындысты нырыккон сыгъдӕггӕнӕн агъуысттӕ, скуыста киноконцертон зал.

Республикӕйы хицауад бакуыста пайдаджын къахæггæгты фӕдыл фиддонтӕ фидыны методикӕйыл, кӕцы фӕахъаз 20 хатты фӕфылдӕр кӕнын ӕфтиаг паддзахадон бюджетмӕ республикӕйы территорийыл ӕрдзон къахӕггӕгтӕй.

Парламенты бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртӕ парти не сразы сты РХИ министрты кабинетӕн ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ аргълӕвӕрды тыххӕй

Ныртӕккӕ, РХИ хицауад бацӕттӕ кодта инвестицион программӕйы фӕлгӕтты инвестицион архайды паддзахадон ӕххуысы фӕрӕзтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныны фӕдыл проект.

Скуыстой 240 милуан сомы аргъ фӕткъуытӕ скӕныны фӕдыл проект, 153 милуан сомы аргъ фыдызгъӕл рацарӕзты фӕдыл проект, Цхинвалы центры баконд ӕрцыд европӕйаг къӕбицы кафе 40 милуан сомы бӕрц инвестициты гуырахстимӕ. Ӕрбалӕугӕ азы райдианы онг нӕ горӕты центры баконд ӕрцӕудзӕн базарадон-хиирхӕфсӕн комплекс "Империал плюс" 100 милуан сомы бӕрц инвестициты гуырахстимӕ. Банысан ма хъӕуы, РХИ таможнӕйон органты УФ таможнӕйон органтимӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд бацӕттӕ кӕныны фӕлгӕтты, министрты кабинеты бакӕнгӕ куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0