Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинады совет ӕруынаффӕ кӕндзӕн арӕнгӕрон зонӕмӕ цӕуыны фарстытыл

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хӕсн арӕн
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хӕсн арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджыты бирӕнымӕц куырдиӕттӕм гӕсгӕ, президент Тыбылты Леонид бахӕс кодта арӕнгӕрон зонӕмӕ бацӕуыны ӕмӕ уӕвынады уагӕвӕрдмӕ ӕркӕсын.

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады совет ӕввахс рабадты рӕстӕджы ӕркӕсдзӕн арӕнгӕрон зонӕмӕ бацӕуыны ӕмӕ уӕвынады уагӕвӕрдмӕ. Ахӕм бардзырд Ӕдасдзинады советӕн радта президент Тыбылты Леонид ӕмбӕстӕгты бирӕнымӕц куырдиӕттӕм гӕсгӕ, загъта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

2012 азы августы республикӕйы хицауад райста уынаффӕ, цыран бӕлвырд цӕуы арӕнгӕрон режимы уагӕвӕрд. Уыдон ӕмбарын кӕнынц арӕнгӕрон зонӕмӕ бацыд, уыцы зонӕйы адӕмы ӕмӕ транспортон змӕлд, кӕцымӕ бахауӕн ис ӕрмӕстдӕр ПӔК-ы Арӕнгӕрон службӕйы сӕрмагонд пропуск райсыны фӕстӕ.

Уелиты цӕрджытӕн бамбарын кодтой арӕнгӕрон зонӕмӕ цӕуыны уагӕвӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уелиты цӕрджытӕн бамбарын кодтой арӕнгӕрон зонӕмӕ цӕуыны уагӕвӕрд

Раздӕр, Знауыры районы цалдӕр хъӕуы цӕрджытӕ равдыстой сӕ ӕнӕразыдзинад ацы уагӕвӕрдимӕ, зӕгъгӕ, сӕ царды сырӕзт бӕрӕг зынвадӕттӕ. Сӕрмагондӕй, уазджытӕн пропусктӕ исыны уагӕвӕрдимӕ.

"Арӕнгӕрон режим хъахъхъӕныны фӕдыл ӕмбӕлон закъӕттӕ цӕрджытӕм ӕвзарын кӕнынц ӕппӕрццаг реакци. Президенты номыл ӕрбацыд тынг бирӕ куырдиӕттӕ ӕмбӕстӕгтӕй, кӕцытӕ цӕрынц арӕнмӕ ӕввахс ӕмӕ ӕмбӕлынц зынвадӕттыл", — загъта Яновская.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмбырдтӕй иуы рӕстӕджы президент радта хӕслӕвӕрд фарстыл цыбыр ӕмгъуыдмӕ бакусын ӕмӕ ссарын йӕ аскъуыддзаг кӕныны фӕрӕзтӕ, афтӕ ма фарст рахӕссын Ӕдасдзинады советы рабадты боны фӕткмӕ.

"Президент банысан кодта, фарст кӕй у серьезон ӕмӕ йӕ райхалын кӕй хъӕуы максималон ӕгъдауӕй тагъд, фыццаджыдӕр ӕмбӕстӕгты ӕмӕ иумӕйагӕй паддзахады интерестӕ хынцгӕйӕ", — бафтыдта Яновская.

Раздӕр паддзахадон ӕдасдзинады комитеты минӕвӕрттӕ фембӕлдысты цалдӕр арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытимӕ ӕмӕ сын бафӕлвӕрдтой бамбарын кӕнын, РХИ ӕмбӕстагӕн арӕнгӕрон зонӕмӕ пропуск райсыны зынӕй кӕй ницы ис.

Уый тыххӕй, РХИ ӕмбӕстаджы паспортимӕ бацӕуын хъӕуы ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕмӕ Цхинвалы, науӕд та ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕмӕ райцентры суткӕйы цыфӕнды афон дӕр, къуыри авд боны.

ПӔК: туристтӕн арӕнгӕрон зонӕтӕм ӕнӕ сӕрмагонд пропусктӕй цӕуыны бар нӕй

Ацы документӕй пайда гӕнӕн ис ӕнӕхъӕн аз, цӕй фӕстӕ ӕвиппайды райсӕн уыдзӕн ног. Бынӕттон регистрациимӕ цӕрджытӕ сӕрибар ӕрцыдысты пропусктӕ исынӕй.

Фӕлӕ уыдон развӕлгъау хъуамӕ бафӕдзӕхсой арӕнхъахъхъӕнджыты цытджын мадзӕлтты, чындзӕхсӕвтӕ ӕмӕ зиӕнтты тыххӕй, цӕмӕй районы мидӕг адӕмы змӕлдимӕ мацы проблемӕтӕ сӕвзӕра. Арӕнгӕрон службӕйы минӕвӕрттӕ бамбарын кодтой цӕрджытӕн, ахӕм хъуыддӕгты рӕстӕджы уагъд кӕй ӕрцӕуы уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ ӕмгуыстад ӕмӕ бӕлвырд бон бар лӕвӕрд ӕрцӕуы ӕнӕ пропусктӕй бацӕуын.

Ног хабӕртты лентӕ
0