Калоты Виталий: зонгӕ дӕр нӕ кӕнын, чи у Нагиев

© AFP 2022 / KAZBEK BASAYEVКалоты Виталий
Калоты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Калоты Виталий фехъусын кодта, кӕй ницы зоны Бодены цады сӕрмӕ трагедийы фӕдыл фильмы проекты тыххӕй ӕмӕ фыццаг хатт кӕй хъусы актер Нагиевы тыххӕй, кӕцы сӕххӕст кӕндзӕн сӕйраг фӕлгонц.

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Калоты Виталий нӕу зонгӕ Бодены цады сӕрмӕ трагедийӕн нывонд фильмы радон сценариимӕ, кӕцы ацы хатт та ист ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы, фехъусын кодта Sputnik Калоты Виталий йӕхӕдӕг.

Куыд ма хъусын кодтам, афтӕмӕй киноныв фӕнд кӕны сисын режиссер Сарик Андреасян.

Калоты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Калоты Виталий хорзӕхджын ӕрцыд майдан "Во Славу Осетии"-йӕ

Калоты Виталий не ′сфидар кодта режиссеры ныхӕстӕ, Калоты Виталий кӕй у зонгӕ сценариимӕ ӕмӕ йӕ хорзыл кӕй банымадта. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кинонывы автортӕй иу дӕр нӕ ныхыс кодта йемӕ нӕдӕр сценарийы, нӕдӕр Виталийы чи хъаздзӕн, уыцы актеры кандидатурӕйы тыххӕй.

"Фыццаг хатт ӕй хъусын, ницы комментаритӕ мӕ бон у зӕгъын. Уый (режиссер — ред.) мемӕ нӕ ныхас кодта, нӕ йӕ зонын ӕмӕ мӕ йӕ зонын нӕ фӕнды. Ницы цымыдисаг мын у", — банысан кодта Калоты Виталий.

Кинонывы сӕйраг фӕлгонц актер Дмитрий Нагиев кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй та банысан кодта, кӕй нӕ зоны ахӕм актеры.

"Ныр 14 азы нӕ кӕсын кинотӕм. Нагиев чи у, уымӕн зонгӕ дӕр ницы кӕнын", — загъта Калоты Виталий.

Нагиевы директор Елена Шайкина фехъусын кодта Sputnik, актер ӕцӕгӕйдӕр кӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕна Виталийы фӕлгонц ӕмӕ ныртӕккӕ йӕхи цӕттӕ кӕны рольмӕ.

"Киноныв исынмӕ ӕрӕвналдзысты иннӕ азы райдианы", — загъта актеры директор.

Калоты Виталийӕн 2002 азы йӕ бинонтӕ — йӕ бинойнаг ӕмӕ дыууӕ сабийы бабын сты авиакатастрофӕйы Бодены цады сӕрмӕ. Дыууӕ азы фӕстӕ уый амардта катастрофӕйы азымджыны — диспетчер Питер Нильсены ӕмӕ уый тыххӕй цыппар азы фӕбадт Швейцарийы ахӕстоны. 2008 азы йӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссӕрибар кодтой. Уый фӕстӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕ — Цӕгат Ирыстоны нысан ӕрцыд арӕзтады министры хӕдивӕгӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0