Ӕлборты Аланӕ рамбылдта ЦКФЗ-ы фыццагады бронзӕ майдан

© Личный архив Аланы АлборовойӔлборты Аланӕ
Ӕлборты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕлборты Аланӕ ахуыр кӕны 8-ӕм къласы, архайы 90 килограммы уӕзы, дзюдомæ цæуы æрмæстдæр иу аз.

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕвзонг дзюдоисткӕ Ӕлборты Аланӕ рамбылдта бронзӕ майдан Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады, фехъусын кодта Sputnik спортсменкӕйы тренер Тъуриты Тенгиз.

Ӕлборты Аланӕ ахуыр кӕны 8-ӕм къласы, архайы 90 килограммы уӕзы, дзюдомæ цæуы æрмæстдæр иу аз.

Ӕхсӕнадӕмон ерыстӕ дзюдойӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон дзюдоист Тасойты Инал рамбылдта Европӕйы Кубок

"Ӕлборты Аланӕ у диссаджы курдиатджын спортсменкӕ. Йӕхи цӕттӕ кӕны ӕрмӕстдӕр иу аз, фӕлӕ тых кӕны фӕлдӕрдджын дзюдоисттыл. Ӕртӕ хатты афтыд ерыстӕм ӕмӕ ӕнӕ уӕлахизӕй никуы ӕрӕхдӕхт. Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады дӕр цалдӕры ныддӕрӕн кодта, фӕлӕ фӕхӕрд ис цӕгатирыстойнаг дзюдоисткӕйӕн", — загъта тренер.

Амæй размæ та æрыгон дзюдоисткæ ссис æхсæнадæмон турниры призер Абхазы.

Ӕлборты Аланӕ архайы 2003 азы гуырд спортсменкæты ‘хсæн. Цæттæ йæ кæны тренер, спорты мастер ӕмӕ Советон Цæдисы уæлахиздзау Тъуриты Тенгиз.

Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагад цыд Цӕцӕны. Ерысты хайад истой 300 спортсмены.

Ног хабӕртты лентӕ
0