Юстицийы министрад не ′руадздзӕн, цӕмӕй иу адӕймаг уа цалдӕр партийы сконды

© Sputnik / Василий Батанов /  Ахизын медиабанкмæӔвзӕрстытӕ
Ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны политикон партиты номхыгъдтӕ цӕуынц сгӕрст юстицийы министрады, цӕмӕй иу адӕймаг ма уа цалдӕр политикон баиугонды сконды.

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны юстицийы министрад ӕртӕ мӕйы мидӕг фӕуыдзӕн сгӕрст политикон партиты номхыгъдтӕ, цӕмӕй иу адӕймаг ма разына цалдӕр политикон партиты сконды, фехъусын кодта юстицийы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бестауты Маринӕ.

Дӕнцӕгӕн ӕрхаста ӕвзонг парти "Ирон Фарн". Ацы партийы номхыгъдтӕ басгӕрсты рӕстӕджы разынд 126 уӕнджы, кӕцытӕ ӕмрӕстӕджы уыдысты ӕндӕр политикон баиугӕндты сконды дӕр.

"Юстицийы министрад ӕрӕхгӕдта ацы партийы архайд. Ликвидацийы фӕдыл уыдон бахъаст кодтой тӕрхондонмӕ ӕмӕ ивгъуыд къуыри тӕрхондон рахаста тӕрхон юстицийы министрады пайдайӕн", — загъта юстицийы министрады хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, номхыгъдты басгӕрст домы бирӕ рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ "куыст у гуырахстджын".

"Алы партиты уӕнгты номхыгъдтӕ басгарыныл ацӕудзӕн ӕртӕ мӕйӕ фылдӕр", — загъта Бестауты Маринӕ.

Слесгӕнӕн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ ӕмбӕстӕгтӕй Уӕрӕсейы ахӕстӕтты чи бады, уыдонӕй фыццагы ракӕндзысты Цхинвалмӕ

Уый ма банысан кодта, регистрацийы райдайӕн ӕмвӕзадыл партиты оргкомитеттӕ кӕй ′руагътой уагӕвӕрд фехалыны цаутӕ. Афтӕ, йӕ сырӕзты рӕстӕджы "РХИ Либералон-демократон парти" регистрацийы фыццаг фӕлвӕрды размӕ ауагъта бындурӕвӕрӕн съезд, цыран уыд домӕнмӕ гӕсгӕ 100 адӕймагӕй къаддӕр.

"Съездыл нӕ уыд делегатты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг нымӕц. Бӕрӕг нӕ уыд, чи ӕрбацыд, чи та нӕ. Районы цӕрджытимӕ уагъд не ′рцыд агитацион куыст. Нӕ фӕдзӕхстты фӕстӕ уыдон фӕлхаттӕй рацыдысты алы процедурӕтӕ", — бамбарын кодта Бестауты Маринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, партитӕ иууылдӕр нӕма ӕрбавдыстой хыгъдлӕвӕрд азы мидӕг бакӕнгӕ куысты тыххӕй.

"Кӕцыдӕр партитӕ нӕм ӕрбахатынц, цӕмӕй адарддӕр кӕнӕм хыгъдлӕвӕрдтӕ ӕрбавдисыны ӕмгъуыд. Кӕмӕндӕр бинонтимӕ ис зындзинӕдтӕ, кӕйдӕр ӕвдӕлгӕ нӕ кӕны хыгъдлӕвӕрд саразынмӕ. Махӕн ис ӕмбаргӕ ахаст ӕмӕ сын саразӕм къух", — загъта юстицийы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Бестауты Маринӕ ныфс радта, басгӕрсты рӕстӕджы цы партитӕм разына уагӕвӕрд халыны цаутӕ, уыдон ныхмӕ ист кӕй ӕрцӕудзӕн законмӕ гӕсгӕ мадзӕлттӕ.

Ӕдӕппӕт Хуссар Ирыстоны регистрацигонд ис 14 политикон партийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0