РХИ ӕмбӕстӕгтӕй Уӕрӕсейы ахӕстӕтты чи бады, уыдонӕй фыццагы ракӕндзысты Цхинвалмӕ

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСлесгӕнӕн изолятор
Слесгӕнӕн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕй Уӕрӕсейы ахӕстӕтты чи бады, уыдонӕй уал фыццагы ракӕндзысты Цхинвалы колонимӕ, афтӕ йӕ тыхы бацӕудзӕн УФ-имӕ бадзырд азымгонд адæм раттыны тыххæй, фехъусын кодта юстицийы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссарирыстойнаг ӕмбӕстаг, кӕцы йӕ ахӕсты ӕмгъуыд ӕрвиты уӕрӕсейаг колонитӕй иуы, раконд ӕрцӕудзӕн Цхинвалы рӕстмӕгӕнӕн колонимӕ, цӕмӕй йӕ ахӕсты ӕмгъуыд дарддӕр арвита цы бæстæйы æмбæстаг у, уый территорийыл.

Путин сратификаци кодта Хуссар Иримæ бадзырд азымгонд адæмы раттыны тыххæй

Афтӕ йӕ тыхы бацыд УФ æмæ РХИ æхсæн бадзырд азымгонд адæм раттыны тыххæй, кæцытæн рахастæуыд тæрхон ахæстоны фæбадын — уый бафыст æрцыд 2014 азы 14 октябры уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстады æхсæнадæмон-барадон базæйы райрæзты нысанæн, фехъусын кодта дыццӕджы журналисттӕн республикӕйы юстицийы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бестауты Маринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, юстицийы министрадмӕ ӕрбавдыст ӕрцыд 21 куырдиаты УФ территорийыл ахст хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕй, цӕмӕй сӕ ахӕсты ӕмгъуыд дарддӕр арвитой нӕ республикӕйы ахӕстоны.

Бестауты Маринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, раконды процедурӕ у дӕргъвӕтин ӕмӕ вазыгджын, алы хъуыддагмӕ дӕр кӕсын хъӕуы лӕмбынӕг.

"Махмӕ ӕрбахатыдысты 21 азымгонды, кӕцытӕ бадынц уӕрӕсейаг ахӕстӕтты, фӕлӕ уый нӕу уый нысан, ӕмӕ дзы алкӕй дӕр райсдзыстӕм. Дыууӕйӕн уал дзы йӕ ӕнӕразыдзинад радтой уӕрӕсейаг тӕрхондонон органтӕ. Ноджы ма иу азымджынӕн та ис хӕс — кӕд ӕмӕ азымджынӕн ис ӕнӕххӕстгонд материалон — барадон бӕрн, уӕд тӕрхондон не ′ркӕсдзӕн йӕ раконды фӕдыл куырдиатмӕ", — загъта юстицийы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг хуссарирыстойнаг азымгонды раконд уӕрӕсейаг колонийӕ, ныртӕккӕ ис реализацийы процессы.

"Азымгонды ӕркӕнынц Камчаткайӕ. Нӕ конвоирты ӕххӕстбартӕ архайынц ӕрмӕстдӕр Ручъы тоннелы онг — цыран райдайы Уӕрӕсеимӕ арӕн. Азымгонды этапыл фæхæццæ кæндзысты Цӕгат Ирыстонмӕ, уырдыгӕй йӕ цӕгатирыстойнаг барадхъахъхъӕнӕн органты кусджытӕ ӕркӕндзысты уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæны онг, цыран лæвæрд æрцæудзæн нæхи конвоймæ æмæ фæхæццæ уыдзæн Цхинвалы рӕстмӕгӕнӕн колонимӕ", — загъта Бестауты Маринӕ.

Уый ма бафиппайдта, рӕстмӕгӕнӕн уагдоны, кӕцы у арӕзт 83 бынатӕн, ныртӕккӕ ис 37 азымгонды ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы та сты слесты бын. Уыдонӕй 17 адӕймаг азымджынтыл нымад ӕрцыдысты фыццаг хатт.

Рæстмæгæнæн колонимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ рæстмæгæнæн колонимæ уæрæсейаг ахæстæттæй ракӕндзысты 22 хуссарирыстойнаг æмбæстаджы

Юстицийы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг ма загъта, ивгъуыд ӕнусы 30-ӕм ӕзты арӕзт колонийы бӕстыхай, райдианы кӕй уыд слестгӕнӕн изолятор.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз уаид ӕмӕ азымгондтӕн куы уаид колони, ӕмдзӕрӕндон, цех, цыран фӕллой кӕниккой ахӕстытӕ, тезгъо кӕныны тыххӕй территори. Фыццаг хатт цы адӕм ӕрцыдысты азымджын, уыдон хъуамӕ ма бадиккой рецидивисттимӕ. Мах рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы та азымгондтӕ иууылдӕр, нӕдӕр кар, нӕдӕр бакӕнгӕ фыдракӕнд саразыны ӕмвӕзад ӕмӕ нӕдӕр ӕфхӕрды режим хынцгӕйӕ, сты иу бынаты. Фӕлӕ, хъыгагӕн, ӕндӕр уавӕртӕ нӕм нырма нӕй", — загъта уый.

Æдæппæт Уæрæсейы Федерацийы территорийы ахæстæтты бадынц 400 хуссарирыстойнаг æмбæстаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0